Хуссар Иры уӕлыстъол теннисы федерацийы хистӕр хайад райста Уӕрӕсейы конференцийы

© PhotoХуссар Иры уӕлыстъол теннисы федерацийы хистӕр хайад райста Уӕрӕсейы конференцийы
Хуссар Иры уӕлыстъол теннисы федерацийы хистӕр хайад райста Уӕрӕсейы конференцийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕлыстъол теннисы Федерацийы разамонӕг Джиоты Мириан фембӕлд йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Александром Бабаковимӕ Уӕрӕсейы уӕлыстъол теннисы хыгъдон конференцийы рӕстӕджы Сочийы.
Нӕ минӕвар фыццаг хатт архайдта ацы мадзалы.
Конференци цыд 17-19 декабры, хайад дзы истой Уӕрӕсейы регионты Федерациты хистӕртӕ, ӕдӕппӕт 66 делегаты ӕмӕ хуынд уазджытӕ
"Дзырд цыд спорты ацы хуызы проблемӕтыл, Уӕрӕсейы ныхмӕ санкциты ӕндӕвдадыл ӕмӕ дарддӕры куысты нывӕзтыл", - загъта Хуссар Ирыстоны уӕлыстъол теннисы Федерацийы хистӕр Джиоты Мириан.
Мадзалы фӕлгӕтты Джиоты Мирианӕн ацыд фембӕлд йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Александр Бабаковимӕ.
"Мах ӕрныхас кодтам нӕ дарддӕры ӕмгуыстады нывӕзтыл. Ацы аз сӕ райстам ахадгӕ ӕххуыс, балӕвар нын кодтой ӕхсӕз спортивон фӕзуаты", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0