Мæскуыйы схорзæхджын кодтой Æхсæнадæмон литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреатты

© SputnikÆхсæнадæмон литературон преми "Булæмæргъ"
Æхсæнадæмон литературон преми Булæмæргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik. Мæскуыйы ацыд литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреатты хорзæхкæныны церемони.
Мадзалы райдайæны Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Рада бафарста президент Гаглойты Аланы арфæйы тел, кæцыйы нысангонд æрцыд мадæлон æвзаг бавæрыны ахсджиагдзинад.
"Нæ æвзаг – нæ хæзна. Мах хъуамæ бавæрæм нæ фыдæлты бынтæ æмæ хæзнатæ. "Булæмæргъ" мотиваци дæтты æвзонг курдиатджын адæмæн пайда кæнын мадæлон æвзагæй сфæлдыстады, уый та ахсджиаг у ирон æвзаг æмæ литературæйы райрæзтæн", - фехъусын кодта Зæгъойты Рада Гаглойты Аланы ныхæстæ.
Гаглойты Алан ма бузныг загъта дипмиссийæн æмæ сæрмагондæй Гасситы Знауырæн, афтæ ма премийы организатортæн ахсджиаг куыст бакæныны тыххæй.
Фыццаг бынат бацахста филологон зонæдты кандидат Олег Беляев Абайты Васойы историко-этимологон дзырдуатæн англисаг æвзагыл æмæ электронон верситæ саразыны тыххæй.
Дыккаг бынат райста Гегкиты Сослан авторон уацмысты циклы тыххæй, кæцы фыст æрцыд ирон националон поэзийы жанры, афтæ ма Малиты Георгийы æмдзæвгæтæ дигорон æвзагмæ ратæлмац кæныны тыххæй.
Æртыккаг бынатыл ацыд Къуыллыты Чермен сывæллæтты æмæ æрыгæтты литературæйы райрæзты тыххæй, афтæ ма ирон æвзаджы популяризацийы тыххæй фæсивæды æхсæн.
Преми "Булæмæргъ"-ы сæрмагонд номаници, кæцы снысан кодтой автортæн, кæцытæ фыссынц уырыссаг æвзагыл, радтой сывæллæтты фыссæг Анастасия Строкинайæн.
Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ" сарӕзтӕуыд 2016 азы ирон ӕвзаджы популяризацийы нысаниуӕгӕн. 2020 азы премийы Совет бакодта номинаци автортӕн, кӕцытӕ фыссынц уырыссаг ӕвзагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0