Транскам байгом фæндагон змæлдæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам байгом фæндагон змæлдæн
Транскам байгом фæндагон змæлдæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Транскавказаг магистралыл фæндагон змæлд байгом 12:30 сахатыл цыппæрæмы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ пресс-службæ.
"Федералон æмвæзадыл Уæлвæткон уавæрты автомобилон фæндæгтыл æдас æмæ æнæкъуылымпыйæ змæлдæй сифтонг кæныны Æппæтуæрæсейаг ахуыртæ кæй ацыдысты, уый фæстиуæгæн транспорты змæлд Бурон æмæ Ручъы тоннелы Цæгаттаг порталы ᾿хсæн байгом ис дыууæ ᾿рдæм дæр 12 сахат æмæ 30 минутыл 22 декабры 2022 азы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхохаг бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0