Дзæуджыхъæуы цæуы фыццаг фæсивæдон форум "СМИ МЫ"

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы цæуы фыццаг фæсивæдон форум "СМИ МЫ"
Дзæуджыхъæуы цæуы фыццаг фæсивæдон форум СМИ МЫ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы Националон зонадон библиотекæйы бакодтой Фыццаг фæсивæдон форум "СМИ МЫ", хъусын кæны интернет-портал Осетия-Ирыстон.
Банысангонд æрцыд, мадзалы рæстæджы скъоладзаутæ æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæтты студенттæн кæй радзырдтой ДИФ нысаниуæг нырыккон дунейы. Мастер-классты рæстæджы раздзог журналисттæ æмæ фысджытæ, PR-технологтæ, нывисджытæ æмæ SMM-специалисттæ æвдисынц, куыд хъæуы рахицæн кæнын инфофейктæ æмæ информацион фæзуаты ориентаци кæнын.
Сæйраг спикерты ᾿хсæн – мыхуыр æмæ массон коммуникациты фæдыл комитеты сæргълæууæг Фидарты Юрий, журналистты Цæдисы сæрдар Къусаты Тимур, ЦИПУ журналистикæйы декан Хæбæлаты Фатимæ.
Мадзал сарæзта Цæгат Ирыстоны мыхуыр æмæ массон коммуникациты фæдыл комитет, кæцыйы нывæсты ис форум аразын æрвылаз, афтæ ма бафтауын практикон хай.
Ног хабӕртты лентӕ
0