Хуссар Иры æмбуархæцджытæ рамбылдтой æхсæз майданы æфсæддон æмтохæдты æхсæнадæмон форумы

© Photo : из архива БК "Skolot"Хуссар Иры æмбуархæцджытæ рамбылдтой æхсæз майдан æфсæддон æмтохæдты æхсæнадæмон форумы
Хуссар Иры æмбуархæцджытæ рамбылдтой æхсæз майдан æфсæддон æмтохæдты æхсæнадæмон форумы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æмбуар хæсты секци "Skolot" –ы хъомылгæнинæгтæ æртæйæ рамбылдтой æфсæддон æмтохæдты XVIII-æм æхсæнадæмон форумы сызгъæрин майдан Уфайы. Уæлахидзауы пьедесталмæ чи схызт, уыдон нымæцы ис æртындæсаздзыд Ӕлборты Елизавета. Уый тыхххæй Sputnik радзырдта фæсивæды тренертæй иу Хетæгкаты Яков.
Ерыстæ цыдысты Башкортостаны сæйраг горæт Уфайы, 15 -19 декабры.
"Уыдон сты гуырахстджын ерыстæ, кæцытæ æрæмбырд кæнынц бирæнымæц спортсменты канд Уæрæсейæ нæ, фæлæ ма советон цæдисы раздæры республикæтæй, сæ нымæцы Хуссар Ирыстонæй дæр", - загъта Хетæгкаты Яков.
© Sputnik / Natalia AiriyanӔлборты Елизавета
Елизавета Алборова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Ӕлборты Елизавета
Хуссар Ирæй ерысты стох кодтой Дзабиты Артемы æхсæз спортсмены. Уæлахиздзаутæ ссисты Харебаты Дауыт, Бекъойты Шамиль. Дыууæ сызгъæрин райста Ӕлборты Елизавета "Всестилевое каратэ" æмæ "Фри-комбат"-ы дисциплинæты. Тренеры ныхæстæм гæсгæ, чызг нырма никæмæн фæхæрд ис.
"Тынг цæттæ кодтон мæхи, бирæ мын уыд спаррингтæ. Тынг-иу бафæлладтæн, фæлæ та-иу сызгъæрин майданыл куы ахъуыды кодтон, уæд та-иу мæ фæллад фæлыгъд", - загьта Ӕлборты Елизавета.
Ӕфсæддон æмтохæдты XVIII-æм æхсæнадæмон форумы æвзист æмæ бронзæйон майдантæ райста Гуыззытаты Дмитрий, ноджы ма иу бронзæйон майдан та æрхаста Хъораты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0