Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

1. ДЗАНГ ÆМÆ ДОЛАТ

1. ДЗАНГ ÆМÆ ДОЛАТ
Рафыссын
1. ДЗАНГ ÆМÆ ДОЛАТ
Цыма арвы бын фегом, уыйау къæвда йæ уарынæй нал æмæ нал æнцайы. Цæугæдæттæ раивылдысты комы нарæдæуы æмæ æфцæгмæ хъуысы сæ нæтын.
Хуылыдз мигътæ ныффæлдæхтысты æфцæгты фæрстыл æмæ бæрæг нæу, сихорафон у æви изæрмилтæ.
Тыхсы Дзанг. Къæвда ахъардта суангдæр стæгты онг æмæ дæндæгтæ сæхи кæрæдзийыл хойынц.
Иунæгæй та ис абон дæр фысты дзудæимæ. Райсомæй йе ’мбал Долат хъæумæ ацыд, йæ мад рынчын у, йæхи йеддæмæ йæм ничи ис фæкæсæг, тагъд фездæхдзынæн загъта, фæлæ уæдæй нырмæ нæ зыны. Æмбары Дзанг, æвæгæсæг, æдзæллаг хæдзары куыстытæн кæрон кæй никуы вæййы, уый. Уымæй дæр рынчын цы хæдзары уа, уым, æмæ йе ’мбалæн ма ацу никуы фæзæгъы. Фæлæ абон...
Ау, куы йæ уыны, къæвда бæстæ куы ласы, æнæхайыры хуылыдз мигътæ, фæллад галтау, ныффæлдæхтысты зæххыл æмæ цалдæр кьахдзæфæй дарддæр цæст ницыуал æвзары. Æмæ уæд та цынæ вæййы, тас у, фыстæй дзугæй куы фæхицæн уа, Хæйрæджыты айнæгмæ куы бафтой, йе та Цæгаты тæнæг цъитимæ, — иу дæр дзы нал раирвæздзæн.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0