Дзæуджыхъæуы байгом æрвылазон хæрзаудæн акци "Мэры назбæлас"

© Sputnik / Наталья АйриянДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы байгом æрвылазон хæрзаудæн акци "Мэры назбæлас". Мадзал ацыд уырыссаг Академион театры, равдыстой спектакль "Щелкунчик". Уый тыххæй хъусын кæны ПТРК "Алания".
Мадзæлттæ цæудзысты 8 январьмæ, бауазæг уыдзæстыбирæсывæлонджын æмæ æвæрæзджын бинонты дыууæ минæй фылдæр сывæллæттæм, райдайæн кълæсты хæрзæгтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджыты сывæллæттæ, ДАР æмæ ЛАР лигъдонтæм.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав раарфæ кодта сывæллæттæ æмæ ныййарджытæн æрцæугæ бæрæгбонтимæ. Уый банысан кодта, администрацийы руаджы кæй бантыст æртымбыл кæнын æмбисонды лæвæрттæ.

"Мах стыр æхцондзинадимæ радтам фадат фенын Ног азы къæсæрыл цы диссæгтæ цæуы, уыдон", - загъта мэр.

Ног хабӕртты лентӕ
0