Дзæуджыхъæуы цалцæггæнæн куыстыты мастеры азымджын кæнынц фæливдми саразыны

© Sputnik / Алексей МальгавкоДзæуджыхъæуы цалцæггæнæн куыстыты мастеры азымджын кæнынц фæливдми саразыны
Дзæуджыхъæуы цалцæггæнæн куыстыты мастеры азымджын кæнынц фæливдми саразыны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Дзæуджыхъæуы авд бынæттон цæрæджы фæсайдта цалцæггæнæн куыстыты мастер, кæцы сын иумæйаг зиан æрхаста милуан сомы бæрц. Уыдон бадзырдтой полицимæ ацы хъуыддаджы фæдыл, хъусын кæны 15-æм Регион республикæйы МХМ пресс-службæйыл æнцогæйгæйæ.

"Бæлвырдгонд æрцыд, зæрдæмæхсайгæ кæй æрæмбырд кодта æхцайы фæрæзтæ æрмæджытæн, фæлæ куыстмæ уый фæстæ нæ бавнæлдта. Уый алыхатт хъуыды кодта алыхуызон аххосæгтæ", - банысан кодтой министрады.

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй цъус рæстæджы фæстæ мастеримæ фесæфт бастдзинад.
Полицийы кусджытæ цыбыр æмгъуыдмæ сбæрæг кодтой зæрдæмæхсайгæйы æмæ йæ æрурæдтой.
Уый размæ зылынгонд 27-аздзыд бынæттон цæрæг басаст йæ фыдракæндыл æмæ фехъусын кодта, кæй бахардз кодта райсгæ æхцатæ. Ныртæккæ нæлгоймаджы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы æхсæз азы онг ахæст.
Ног хабӕртты лентӕ
0