Ирон фысджытæ. Мамсыраты Дæбе

Мамсыраты Дæбе
Рафыссын
Дæбейы ном кадджын у Ирыстоны. Стæм ном, фæлæ зындгонд ирон адæмы æхсæн. Стыр литературон зиууон уыд Дæбе йæ царды бонты. Ирон литературæйы къæсæрæй æрбахызт 30-æм азты æмæ дзы æгады здæхтæй нæ рахызт.
Æвæллайгæ, æнæрулæфгæ куыст дзы фæкодта 1966 азмæ йæ амæлæты бонмæ. Литературæйы жанртæй йæ къух кæдæм нæ фæкодта, ахæм ын иу дæр нæ баззад. Уыдис поэт, курдиатджын прозаик, драматург, публицист, æхсæнадон архайæг.
Дæбейæн алы фадыджы дæр уыдис йæхи хайбавæрд, фæлæ ирон советон дуджы прозæйы фадыджы цы бæрзонд мæсыг æрцыд амад, уымæ Дæбейы хуызæн рæсугъд æмæ егъаудæр дуртæ ничи фæхаста. Уымæн æрцыд Дæбе нымад ирон советон прозæйы бындурæвæрæгыл.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0