https://sputnik-ossetia.com/20221226/khussar-iry-uum-khatdzgt-skodtoy-2022-azy-kuystn-20671898.html
Хуссар Иры УУМ хатдзæгтæ скодтой 2022 азы куыстæн
Хуссар Иры УУМ хатдзæгтæ скодтой 2022 азы куыстæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) хатдзæгтæ скодтой 2022 азы куыстæн. Мадзалы хайад райста... 26.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-26T15:17+0300
2022-12-26T15:17+0300
2022-12-26T16:33+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уум
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/1a/20667446_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_395d4a436ff9a48883dcc840a11bd547.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) хатдзæгтæ скодтой 2022 азы куыстæн. Мадзалы хайад райста республикæйы президент Гаглойты Алан.Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта уагдоны кусджытæн сæ службæйы тыххæй.Республикæйы президент ма раарфæ кодта УУМ кусджытæн æрбалæугæ Ног аз æмæ Ирвæзынгæнæджы боны цытæн, æмæ йæ цæст бауарзта ирвæзынгæнджытæн æнтыстытæ сæ зын куысты.Мадзалы рæстæджы докладтимæ ралæууыдысты УУМ сæргълæууæг Гассеты Ибрагим æмæ йæ хæдивджытæ, кæцытæ лæмбынæгæй радзырдтой 2022 азы куысты тыххæй.Республикæйы президент æмæ УУМ разамонæг схорзæхджын кодтой къорд кусджыты уагдонон майдантæ æмæ грамотæтæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/1a/20667446_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_6ca4b2ecf5f2c70736e66450fe379961.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уум
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уум
Хуссар Иры УУМ хатдзæгтæ скодтой 2022 азы куыстæн
15:17 26.12.2022 (Ранӕуӕггонд: 16:33 26.12.2022) ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) хатдзæгтæ скодтой 2022 азы куыстæн. Мадзалы хайад райста республикæйы президент Гаглойты Алан.
Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта уагдоны кусджытæн сæ службæйы тыххæй.
"Сымах фыццаг æрбацæут æххуысмæ иууыл критикон моментты æмæ ирвæзын кæнут нæ æмбæстæгты. Фæнды мæ бузныг зæгъын къухдариуæгад æмæ кусджытæн службæйы тыххæй. Мыздты фæфылдæры тыххæй та мæ фæнды банысан кæнын, фарст кæй аскъуыддзаг уыдзæн Ног азы онг", - загъта Гаглойты Алан.
Республикæйы президент ма раарфæ кодта УУМ кусджытæн æрбалæугæ Ног аз æмæ Ирвæзынгæнæджы боны цытæн, æмæ йæ цæст бауарзта ирвæзынгæнджытæн æнтыстытæ сæ зын куысты.
Мадзалы рæстæджы докладтимæ ралæууыдысты УУМ сæргълæууæг Гассеты Ибрагим æмæ йæ хæдивджытæ, кæцытæ лæмбынæгæй радзырдтой 2022 азы куысты тыххæй.
Республикæйы президент æмæ УУМ разамонæг схорзæхджын кодтой къорд кусджыты уагдонон майдантæ æмæ грамотæтæй.