https://sputnik-ossetia.com/20221226/khussar-irystony-mkhm-radtoy-37-khdtulgyy-20658403.html
Хуссар Ирыстоны МХМ радтой 37 хæдтулгæйы
Хуссар Ирыстоны МХМ радтой 37 хæдтулгæйы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадæн радтой автотранспортон фæрæзты 37 иуæджы. Радæттыны церемони ацыд МХМ... 26.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-26T12:30+0300
2022-12-26T12:30+0300
2022-12-26T13:13+0300
хуссар ирыстоны
хуссар иры мхм
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/1a/20655857_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_200b4c127b17d3cf0363bb6fcf6dfa4e.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадæн радтой автотранспортон фæрæзты 37 иуæджы. Радæттыны церемони ацыд МХМ агъуысты раз къуырисæры. Мадзалы хайад райстой республикæйы президент Гаглойты Алан, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, афтæ ма МХМ кусджытæ Гæззаты Валерийы сæргълæудæй.Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта министрады кусджытæн ногазон бæрæгбонты цытæн, афтæ ма баныфсæвæрдта, барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ кæй фæллой кæндзысты республикæйы æмбæстæгты сабыр царды сæраппонд.Президент банысан кодта Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметовы бынат дыууæ бæстæйы æхсæн бастдзинæдтæ сфидар кæнын хъуыддаджы æмæ бузныг загъта Уæрæсейæн æххуысы тыххæй.МХМ сæргълæууæг Гæззаты Валерий дæр бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийæн æххуысы тыххæй æмæ бахахх кодта, техникæмæ кæй уыдзæн хъавгæ ахаст.Йæ ныхæстæм гæсгæ, æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кæсынц табелон хæцæнгарзмæ. Ног азæй та системæ "Æдас горæт" райдайдзæн кусын æххæст гуырахстæй.Лæвæрд техникæ байуæрстой МХМ дæлхайадтыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/1a/20655857_160:0:1120:720_1920x0_80_0_0_53f36669b04a446858f78f45790c2243.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, хуссар иры мхм, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, хуссар иры мхм, ног хабӕрттӕ
Хуссар Ирыстоны МХМ радтой 37 хæдтулгæйы
12:30 26.12.2022 (Ранӕуӕггонд: 13:13 26.12.2022) ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадæн радтой автотранспортон фæрæзты 37 иуæджы. Радæттыны церемони ацыд МХМ агъуысты раз къуырисæры. Мадзалы хайад райстой республикæйы президент Гаглойты Алан, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, афтæ ма МХМ кусджытæ Гæззаты Валерийы сæргълæудæй.
Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта министрады кусджытæн ногазон бæрæгбонты цытæн, афтæ ма баныфсæвæрдта, барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ кæй фæллой кæндзысты республикæйы æмбæстæгты сабыр царды сæраппонд.
"Тынг æхсызгон мын у, уæрæсейаг коллегæтæ кæй æххуыс кæнынц хуссарирыстойнаг мидхъуыддæгты министрадæн. Зындгонд у, кæй бафыстæуыд бадзырдтæ, уыдонмæ гæсгæ Уæрæсейы Федераци æххæст кæны йæ æууæлтæ. Бадзырдтæ сты дыууæварсон, уый фæдыл махæн дæр ис бæрндзинад æххæст кæнын бадзырды æууæлтæ", - загъта Гаглойты Алан.
Президент банысан кодта Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметовы бынат дыууæ бæстæйы æхсæн бастдзинæдтæ сфидар кæнын хъуыддаджы æмæ бузныг загъта Уæрæсейæн æххуысы тыххæй.
МХМ сæргълæууæг Гæззаты Валерий дæр бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийæн æххуысы тыххæй æмæ бахахх кодта, техникæмæ кæй уыдзæн хъавгæ ахаст.
"Ныры рæстæджы мах фæлварæн куыстытæ кæнæм горæт Цхинвалы ног патрулон-постон службæ хæссыны системæйы æмæ ацы автотранспорт ахъаз фæуыдзæн хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæн", - банысан кодта министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кæсынц табелон хæцæнгарзмæ. Ног азæй та системæ "Æдас горæт" райдайдзæн кусын æххæст гуырахстæй.
Лæвæрд техникæ байуæрстой МХМ дæлхайадтыл.