https://sputnik-ossetia.com/20221227/2ldary-fzynd-20627574.html
2. ÆЛДАРЫ ФÆЗЫНД
2. ÆЛДАРЫ ФÆЗЫНД
Sputnik Хуссар Ирыстон
Уыцы хабар куы ᾿рцыд, уымæй къуырийы бæрц рацыд. Дзангæн йæ фæсонты рыст банцад. Хабар дæр дзы ферох. Фæлæ Долатæн йæ хуыссæг фесæфт. Иуæй Дзангæй сæхимæ акура... 27.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-27T14:41+0300
2022-12-27T14:41+0300
2022-12-27T14:41+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/17/20627417_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_69c47905a62228221226953a484cc0ab.png
2. ÆЛДАРЫ ФÆЗЫНД
Sputnik Хуссар Ирыстон
2. ÆЛДАРЫ ФÆЗЫНД
Уыцы хабар куы ᾿рцыд, уымæй къуырийы бæрц рацыд. Дзангæн йæ фæсонты рыст банцад. Хабар дæр дзы ферох. Фæлæ Долатæн йæ хуыссæг фесæфт. Иуæй Дзангæй сæхимæ акура йæхи, — æфсæрмы кодта, аннæмæй та Ацырухсмæ уыцы хабары фæстæ — æргом ныхасмæ нал хаста йæ ныфс. Æмæ йæ рынчын мадмæ, йæ зæрдæ æхсайгæйæ, зындæытыл судзæгау æхсæвæй-бонæй сыгъд.Иу райсом комæй æфцæгмæ схизæн тæссар-мæссар фæндагыл фæзынди барæг. Фыццаг æй ауыдта Долат æмæ дзы цыдæр тас бацыд.— Дзанг, кæс-ма, чи нæм ссæуы, æлдары фæсдзæуин Сæрмæт. Куыдзы тугæй æхсад у. Хæрзæбонæн нæ уыдзæн. Мæ зæрдæ мæм цыдæр фыдбылыз дзуры, — Долаты цæсгом æнахуыр фæлурс аци.— Æмæ цы фæзылындæн стæм уагæр? Йæ куыдзы нæм цæмæ сæрвиты æлдар? — æнæмбарæды фарст акодта Дзанг.— Цы йын зонын. Æлдар дæм фæхæрам уа, уыййеддæмæ аххосаг ссардзæн.— Рауадз æй. Мыййаг, исты, уæд уыныс? — йæ лæдзæгмæ ацамыдта Дзанг. — Йæ дзых нæма фæхæлиу уыдзæн æмæ ацы лæдзæг аныхсдзæн йæ хурхы.Схæццæ ис Сæрмæт. Цыма бæхы рагъыл едзаг голлаг хъенæй лæууы æмæ йыл уæлийæ, уымæл сыдæыты чи ныннæрст, ахæм сырх гуыбын нас æрсагьдæуыд, уыйау зынди саргъæй. Тымбыл, зыкъуыритæ фындзыл, æхсæрыйас бызычъи, цæсгом сырх тудæы зилы. Æлгъаг, хин цæстытæ. Къæбæлдзыг бур уæрыччы цармæй бухар худ. Сау цухъхъа йæ уæлæ, даргь æхсаргард æмæ дамбаца йæ фарсыл. Бæхæй не ’рхызт, нæдæр фыййæуттæн салам радта, афтæмæй ныррыхыд.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/17/20627417_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_f8e87732dd4bcebd74eae018c3b6de25.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Уыцы хабар куы ᾿рцыд, уымæй къуырийы бæрц рацыд. Дзангæн йæ фæсонты рыст банцад. Хабар дæр дзы ферох. Фæлæ Долатæн йæ хуыссæг фесæфт. Иуæй Дзангæй сæхимæ акура йæхи, — æфсæрмы кодта, аннæмæй та Ацырухсмæ уыцы хабары фæстæ — æргом ныхасмæ нал хаста йæ ныфс. Æмæ йæ рынчын мадмæ, йæ зæрдæ æхсайгæйæ, зындæытыл судзæгау æхсæвæй-бонæй сыгъд.
Иу райсом комæй æфцæгмæ схизæн тæссар-мæссар фæндагыл фæзынди барæг. Фыццаг æй ауыдта Долат æмæ дзы цыдæр тас бацыд.
— Дзанг, кæс-ма, чи нæм ссæуы, æлдары фæсдзæуин Сæрмæт. Куыдзы тугæй æхсад у. Хæрзæбонæн нæ уыдзæн. Мæ зæрдæ мæм цыдæр фыдбылыз дзуры, — Долаты цæсгом æнахуыр фæлурс аци.
— Æмæ цы фæзылындæн стæм уагæр? Йæ куыдзы нæм цæмæ сæрвиты æлдар? — æнæмбарæды фарст акодта Дзанг.
— Цы йын зонын. Æлдар дæм фæхæрам уа, уыййеддæмæ аххосаг ссардзæн.
— Рауадз æй. Мыййаг, исты, уæд уыныс? — йæ лæдзæгмæ ацамыдта Дзанг. — Йæ дзых нæма фæхæлиу уыдзæн æмæ ацы лæдзæг аныхсдзæн йæ хурхы.
Схæццæ ис Сæрмæт. Цыма бæхы рагъыл едзаг голлаг хъенæй лæууы æмæ йыл уæлийæ, уымæл сыдæыты чи ныннæрст, ахæм сырх гуыбын нас æрсагьдæуыд, уыйау зынди саргъæй. Тымбыл, зыкъуыритæ фындзыл, æхсæрыйас бызычъи, цæсгом сырх тудæы зилы. Æлгъаг, хин цæстытæ. Къæбæлдзыг бур уæрыччы цармæй бухар худ. Сау цухъхъа йæ уæлæ, даргь æхсаргард æмæ дамбаца йæ фарсыл. Бæхæй не ’рхызт, нæдæр фыййæуттæн салам радта, афтæмæй ныррыхыд.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.