Дзæуджыхъæуы фæзындзысты ретро-трамвайтæ

© Sputnik / Наталья АйриянДзæуджыхъæуы фæзындзысты ретро-трамвайтæ
Дзæуджыхъæуы фæзындзысты ретро-трамвайтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны трамвайты стилизаци скæндзысты ретромæ. Уый тыххæй барамынд радта республикæйы сæгълæууæг Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеславæн, хъусын кæны информацион портал "15-æм Регион".

"28 зæронд трамвайæ 4 сты муниципалонтæ. Ахъуыды кæнут, куыд сæ саразын хъæуы ретро-трамвайтæ, суæздан сæ кæнын, цæмæй зæронд æмæ ног горæты сурæттæ иумæ рафидауой. Стыр фæрæзтæ дзы нæ хъæуы", - загъта республикæйы сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы æрсидын Уралæй специалисттæм, кæцытæ ифтонг кæнынц ног трамвайтæй.
Раздæры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæумæ æрцыдысты ног трамвайтæ, кæцытæ сты арæзт фæстаг техникон домæнтæм гæсгæ. Ис дзы фылдæр электроникæ, скъæрæгæн сты æнцондæр æмæ æдасдæр архайæн, афтæ ма дзы ис сæрмагонд бынæттæ æмæ кондуктормæ сидæн кънопкæ сахъатджын адæмæн.
Ногазон трамвай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2020
Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрцыд "Ногазон трамвай"
Ног хабӕртты лентӕ
0