https://sputnik-ossetia.com/20221227/evrop-iuvars-kny-ssrts-ulakhiz-dykkag-duneon-khsty-20700216.html
Европæ иуварс кæны ССРЦ уæлахиз Дыккаг дунеон хæсты
Европæ иуварс кæны ССРЦ уæлахиз Дыккаг дунеон хæсты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik. Евросоветы сæрдар Шарль Мишель фехъусын кодта, кæй хъæуы саразын механизм, кæцымæ гæсгæ æруромдзысты Уæрæсейы хайадист ИНО... 27.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-27T17:40+0300
2022-12-27T17:40+0300
2022-12-27T17:40+0300
уӕрӕсейы
аналитикӕ
ног хабӕрттӕ
дунейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/01/18617587_0:0:3195:1797_1920x0_80_0_0_5acfc84f4cf81dcdd60e21d41c50c789.jpg
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik. Евросоветы сæрдар Шарль Мишель фехъусын кодта, кæй хъæуы саразын механизм, кæцымæ гæсгæ æруромдзысты Уæрæсейы хайадист ИНО Æдасдзинады Советы. Евроцæдис афтæмæй нывæнды ногæй æркæсын Дыккаг дунеон хæсты фæстиуджытæм.Историон факттæм куы æркæсæм, уæд бæлвырд уыдзæн, Иугонд нациты организаци (ИНО) кæй сарæзтой Германийыл уæлахздзау паддзахæдты хъæппæрисæй (ССРЦ, АИШ, Британи æмæ Франци). Уый фæдыл уыдон бахызтысты Æдасдзинады Советы иудадзыг уæнгты скондмæ, кæцытæн ис ветойы бар.ИНО Æдасдзинады алкæцы бынатæн дæр аргъ кæнынц тугæй. Уыдон сты дæсгай милуан фæмардуæуæвæг адæм – æфсæддонтæ æмæ граждайнæгтæ.Дыккаг дунеон хæст, кæцы ныххæлæттаг кодта Скæсæйнаг æмæ Централон Европæ, æмæ ССРЦ континент Гитлеры æфсæдтæй кæй ссæрибар кодта, уый нæ цæуы европæйаг политикты зæрдæмæ.Уыдон фæнды бауырнын кæнын, зæгъгæ ССРЦ, "агрессор æмæ æхсæнадæмон барты халæг æмæ прогрессы знаг", не ссæрибар кодта Европæ æмæ ахъаз уыд Евроцæдисы арæзтадæн, фæлæ сæрибардзинад æрхаста Европæ йæхæдæг.Кæй зæгъын æй хъæуы, хъаруджын америкæйаг, бритайнаг æмæ французаг æфсады руаджы.ССРЦ та цыд уыдоны фæстæ, æмæ архайдта ленд-лизы фæлгæтты райсгæ æххуысы фæрцы, фæндагыл та уыдон давтой немыцæгты мулкъ.Уырыссæгтæ уыдонæн сты "хъæддаг адæм". Уыцы "хъæддаг адæм" уæды ныгуылæйнаг политикты руаджы райстой ИНО Æдасдзинады Советы бынат, æмæ сын ныр ис ветойы бар.Уыцы фиппаинаг хъæуы уайтагъд раивын европейаг политикты хъуыдымæ гæсгæ. Æмæ Уæрæсейы бæсты бахæссын Æдасдзинады Советмæ Германийы, куыд пацифизмы бæстæйы дæнцæджы. Æмбæлон уавæрты гæнæн ис фехъусын, ома Гитлер райдыдта хæст, цæмæй бахъахъхъæна Европæйы большевиктæй æмæ коммунистон идеологийæ.Уымæ гæсгæ, нæй гæнæн зæгъын, Уæрæсейы хайадист æруромыны ныхæстæ "æцæг" кæй не сты. Уый у нывæсты хай, кæцы ныридæгæн сфидар кодтой нæ Уæлахизыл чи нæ басаст, уыдон.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/01/18617587_228:0:2959:2048_1920x0_80_0_0_dfb8f63acb5307fbd7dbce11edf7d3fe.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, аналитикӕ, ног хабӕрттӕ, дунейы
уӕрӕсейы, аналитикӕ, ног хабӕрттӕ, дунейы
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik. Евросоветы сæрдар Шарль Мишель фехъусын кодта, кæй хъæуы саразын механизм, кæцымæ гæсгæ æруромдзысты Уæрæсейы хайадист ИНО Æдасдзинады Советы. Евроцæдис афтæмæй нывæнды ногæй æркæсын Дыккаг дунеон хæсты фæстиуджытæм.
Историон факттæм куы æркæсæм, уæд бæлвырд уыдзæн, Иугонд нациты организаци (ИНО) кæй сарæзтой Германийыл уæлахздзау паддзахæдты хъæппæрисæй (ССРЦ, АИШ, Британи æмæ Франци). Уый фæдыл уыдон бахызтысты Æдасдзинады Советы иудадзыг уæнгты скондмæ, кæцытæн ис ветойы бар.
ИНО Æдасдзинады алкæцы бынатæн дæр аргъ кæнынц тугæй. Уыдон сты дæсгай милуан фæмардуæуæвæг адæм – æфсæддонтæ æмæ граждайнæгтæ.
Дыккаг дунеон хæст, кæцы ныххæлæттаг кодта Скæсæйнаг æмæ Централон Европæ, æмæ ССРЦ континент Гитлеры æфсæдтæй кæй ссæрибар кодта, уый нæ цæуы европæйаг политикты зæрдæмæ.
Уыдон фæнды бауырнын кæнын, зæгъгæ ССРЦ, "агрессор æмæ æхсæнадæмон барты халæг æмæ прогрессы знаг", не ссæрибар кодта Европæ æмæ ахъаз уыд Евроцæдисы арæзтадæн, фæлæ сæрибардзинад æрхаста Европæ йæхæдæг.
Кæй зæгъын æй хъæуы, хъаруджын америкæйаг, бритайнаг æмæ французаг æфсады руаджы.
ССРЦ та цыд уыдоны фæстæ, æмæ архайдта ленд-лизы фæлгæтты райсгæ æххуысы фæрцы, фæндагыл та уыдон давтой немыцæгты мулкъ.
Уырыссæгтæ уыдонæн сты "хъæддаг адæм". Уыцы "хъæддаг адæм" уæды ныгуылæйнаг политикты руаджы райстой ИНО Æдасдзинады Советы бынат, æмæ сын ныр ис ветойы бар.
Уыцы фиппаинаг хъæуы уайтагъд раивын европейаг политикты хъуыдымæ гæсгæ. Æмæ Уæрæсейы бæсты бахæссын Æдасдзинады Советмæ Германийы, куыд пацифизмы бæстæйы дæнцæджы. Æмбæлон уавæрты гæнæн ис фехъусын, ома Гитлер райдыдта хæст, цæмæй бахъахъхъæна Европæйы большевиктæй æмæ коммунистон идеологийæ.
Уымæ гæсгæ, нæй гæнæн зæгъын, Уæрæсейы хайадист æруромыны ныхæстæ "æцæг" кæй не сты. Уый у нывæсты хай, кæцы ныридæгæн сфидар кодтой нæ Уæлахизыл чи нæ басаст, уыдон.