Сабиты лӕвар: Ленингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн

© Пресс-служба Ленингорского районаЛенингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн
Ленингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Уырыссаг скъолайы ахуырдзаутӕ ӕмӕ педагогон коллектив ӕрӕмбырд кодтой гуманитарон ӕххуыс Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайӕг ирон хӕстонтӕн. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта районы администрацийы пресс-службӕйы кусӕг Кокойты Анжела.
© Пресс-служба Ленингорского районаЛенингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн
Помощь от Ленингорского района нашим бойцам СВО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2022
Ленингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн
"Уыдон ӕрӕмбырд кодтой хӕлцадон продукттӕ, хъарм цъындатӕ, зымӕгмӕ ӕвӕрд хӕлцад, ныффыстой фыстӕджытӕ хӕстонтӕн. Ахуырдзаутӕй иу та арвыста уазныв хӕсты фӕуды арфӕтимӕ", - загъта уый.
Кӕд ацы хъӕрпӕрис цыд ахуырдзаутӕн сӕхицӕй, уӕддӕр сӕ фарсмӕ балӕууыдысты ахуыргӕнджытӕ дӕр.
"Сабиты бафӕндыд барӕвдауын Ног азмӕ хӕстонты се'рхъуыды ӕмӕ ӕххуысӕй, сӕ фарсмӕ балӕууыдысты ахуыргӕнджытӕ дӕр сӕ директор Битарты Лалийы сӕргъдӕудӕй", - бафтыдта уый.
© Пресс-служба Ленингорского районаЛенингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн
Помощь от Ленингорского района нашим бойцам СВО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2022
Ленингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн
Ног хабӕртты лентӕ
0