Цхинвалы цалдæр районы ивынц электрохынцæгтæ

© Sputnik / Игорь ЗарембоЦхинвалы цалдæр районы ивынц электрохынцæгтæ
Цхинвалы цалдæр районы ивынц электрохынцæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Цхивалы районтæй цалдæры ивд цæуынц элетрохынцæгтæ, фехъусын кодта Sputnik падзддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы директоры хæдивæг Гæбæраты Анатолий. Йæ ныхæстæм гæсгæ, процесс нырма йæ тæмæны ис, фæлæ ног хынцæгтæ, Инвестпрограмммæ гæсгæ, ныридæгæн æвæрд сты микрорайон "Шанхай"-ы æмæ Гудзабары хъæуы.
"Сты ног хуызы хынцæгтæ. Фыццаджыдæр, уыдон сæхæдæг адæттынц информаци компьютермæ алы рæстæджы дæр. Лæггад кæнын сын нæ хъæуы – цæуын, хынцæгты æвдисæнтæ фыссын. Дыккаг уый, æмæ ацы хынцæгтæй адавæн нæй. Æртыккаг та уый, æмæ абонент куы нæ фида, уæд ын ахицæнгæнæн ис дистанцион æгъдауæй", - бахахх кодта Гæбæраты Анатолий.
Хуссар Ирыстоны арæзтады министр Зæгъойты Эдуард куыд радзырдта, афтæмæй электрохынцæгтæ раивын у мадзæлттæн сæ иу къæпхæн. Адарддæр æй кæндзысты æмæ реализацигонд цæудзæн фидæны æртæ азы дæргъы. Нырма цæуы пилотон этап æмæ нывæстмæ гæсгæ, цы 600 электрохынцæгтæ уыдысты ивинаг, уыдон æвæрд æрцыдысты, банысан кодта министр.
Афтæ ма арæзтады министрады сæргълæууæг бафтыдта, зæгъгæ, нывæсты ис æрмæст сæйраг горæты нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйы дæр электрохынцæгтæ раивын.
Ног хабӕртты лентӕ
0