Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

3. ÆЛДАРЫ ХÆДЗАР

3. ÆЛДАРЫ ХÆДЗАР
Рафыссын
Хур ма гæзæмæ уыдис арвыл, афтæ хъæугæронæй сыхъуысти мыр-мырæгты цъæхснаг зæлланг. Хъæуы куыйтæ се ’рдиагæй бæстæ сæ сæрыл систой. Чысыл фæстæдæр æлдары кæрты раз æрлæууыдысты æртæ фаэтоны. Лæггадгæнджытæ уадидæгæн сæ размæ разгъордтой æмæ кæрты уæрæх дуæрттæ байгом сты. Бæхтæ, сæ фæздæг калгæ, смидæг сты кæрты.
Хъæрæй ныхасгæнгæ æрхызтысты æлдары фырттæ фаэтонæй сæ мад æмæ сæ устытимæ. Кæрт хъæр-хъæлæба фестад. Мидæгæй чи цæл кодта, уыдон дæр æддæмæ рацыдысты æмæ, цыма æнусы бæрц кæрæдзи нал федтой, уыйау кæрон нал ардтой сæ цин æмæ сæ хъæбыстæн.
Æлдары ус, урсдадали зæронд æхсин, йæ чызг æнæниз, сæрæгасæй кæй баззад, уый тыххæй арфæтæ кодта Мадымайрæмæн, йæ фырттæ æмæ йæ йæ чындзыты бар дæр нал уагьта. Уæдмæ кæрон æрцыд цин, хъæбыстæн æмæ иууылдæр ацыдысты хæдзармæ. Бæхтæрджытæ дæр сæ бæхты бафснайдтой.
Дзанг уæдæй нырмæ хибар ран лæууыд, æмæ дардæй йæ хъус дардта уазджыты фырнымд, уæлдай ракæ-бакæ æмæ дзолгъо-молгъомæ, æниу æй уыдон бынтондæр не ’ндæвтой, йæ зæрдæ æхсайдта уæтæрмæ — Долатмæ. Йæ цæстытыл уад, лæппу иунæгæй тæккæ ракæсæны къуылдымыл куыд лæууы æмæ йæ цæстытæ комы нарæджы фæндагмæ кæсынæй куыд бафæлладысты.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0