Дзæуджыхъæуы бакодтой паддзахадон ансамбль "Алан"-ы сцалцæггонд агъуыст

© Государственный академический ансамбль танца "Алан"Дзæуджыхъæуы бакодтой паддзахадон ансамбль "Алан"-ы ногæй сцалцæггонд агъуыст
Дзæуджыхъæуы бакодтой паддзахадон ансамбль Алан-ы ногæй сцалцæггонд агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты бакодтой ногæй сцалцæггонд паддзахадон ансамбль "Алан"-ы агъуыст. Фидæнмæ йыл сæххæст уыдзæн 85 азы. Уый тыххæй хъусын кæны ГТРК "Алания".
Коллективæн раарфæ кæнын æмæ куыстыты гъæд бабæрæг кæнынмæ æрцыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
"Æркæсут-ма, æрмæстдæр дзы къултæ баззад. Уый йеддæмæ иуууылдæр у нæуæг. Ныр дæр сын афтæ загътон: хъармдæр æй саразут. Климатмæ æмæ температурæмæ гæсгæ нæ, фæлæ хæрзæфснайдæй", - загъта республикæйы сæргълæууæг.
Агъуысты капиталон цалцæгæй дарддæр артисттæ райстой ног автобус гастрольтæн. Республикæйы æндæр районты цæрæг ансамблы кафджытæн сараздзысты хорз уавæртæ æмдзæрæндоны. Афтæ ма коллективæн балæвар кодтой ног сценæйон костюмтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0