Дзæуджыхъæуы ног аз спрезентаци кæндзысты Цæгат Иры ранæуæггонд Сырх чиныг

© Пресс-служба СОГУ Цæгат Иры ранæуæггонд Сырх чиныг
 Цæгат Иры ранæуæггонд Сырх чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Ахуыргондтæ фесты куыст Цæгат Ирыстоны Сырх чиныгыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты пресс-службæ.
Чиныг спрезентаци кæндзысты фидæн азы райдайæны. Ног чиныгмæ бахæсдзысты 490 удæгас организмы, кæцытæ уæвынц республикæйы территорийыл æмæ сæ хъæуы хъахъхъæнын. Чиныгыл куыстмæ æрбаздахтой 35 иртасæджы æмæ специалисты.
Сырх чиныджы редколлегийы сæрдар, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан фембæлд ахуыргондтимæ.
"Цæгат Ирыстон – Уæрæсейы уникалон бынæттæй сæ иу. Фæлæ ис бирæ фактортæ, кæцытæ æппæрццаг æндæвдад кæнынц регионы экосистемæйыл. Æмæ нæ хæс у бахъахъхъæнын æмæ сæндидзын Цæгат Ирыстоны æрдз. Уый фæдыл махæн ахсджиаг у балхынцъ кæнын иртасæн æмæ рауадзын документ, кæцы æрбаиу кодта æрмæджытæ стæм зайæгойтæ æмæ цæрæгойты фæдыл", - хъусын кæны Огъуаты Аланы ныхæстæ пресс-службæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, чиныджы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ист цæуынц мадзæлттæ экосистемæйы хъахъхъæнынад æмæ рационалон пайдакæнынадæн.
Чиныджы фыццаг экземпляр ныридæгæн ист æрцыд. Чиныг рауадзыныл архайдта рауагъдад "Перо и кисть".
Республикæйы Сырх чиныг фæстаг хатт ранæуæг кодтой 1999 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0