Хуссар Иры ногазон бæрæгбонты фæтыхджындæр кæндзысты æхсæнадон фæткы хъахъхъæнынад

© Sputnik / Natalia AiriyanТеатралон фæзуат
Театралон фæзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) цæттæ кæнынц тыхтæ æмæ фæрæзтæ æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны тыххæй ногазон бæрæгбонты рæстæджы. Уый тыххæй фехъусын кодта мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валерий уагдоны рабадты рæстæджы.
Рабадты рæстæджы банысан кодтой, 30 декабры МХМ кусджытæ кæй рахиздзысты службæйы фæтыхджындæргонд режиммæ.
"Цæмæй бæрæгбонтæ æнæ цаутæ ацæуой, уый тыххæй алкæцы кусæг дæр хъуамæ бамбара хисæрмагонд бæрндзинад æмæ цæсгомджынæй æххæст кæна службæйон хæслæвæрдтæ", - загъта мидхъуыддæгты министр.
Уый размæ хъусын кодтой, ХУссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады уагъд кæй цæуынц ахуыртæ æфсæддонтимæ, цæмæй фæхуыздæр кæной цæттæдзинад гарнизонон æмæ караулон службæйы рæстæджы ногазон бæрæгбонты.
Ног хабӕртты лентӕ
0