Ногазон лӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ: Дзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас

© Пресс-служба Дзауского района РЮОДзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас
Дзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас. Рӕсугъд фӕлыст наз бӕласы фарсмӕ сарӕзтой рӕсугъд ногазон мадзал, районы разамонӕгӕй истой ногазон лӕвӕрттӕ, сабиты ирхӕфстой аниматортӕ, сӕхӕдӕг дӕр фӕстӕ нӕ лӕууыдысты, уыдон та дзырдтой ӕмдзӕвгӕтӕ.
"Бӕрӕгбонмӕ ӕрбацыдысты бирӕ сабитӕ, ирхӕфстой сӕ аниматортӕ ӕмӕ аргъӕутты хъайтартӕ. Сабитӕ та кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ", - загътой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.
© Пресс-служба Дзауского района РЮОДзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас
В Дзауском районе Южной Осетии открыли главную ёлку района. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2022
Дзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас
Мадзалы хайад райста районы хистӕр Тыбылты Ванда дӕр.
"Районы хистӕрӕй ногазон лӕвӕртттӕ райстой районы скъолайы агъоммӕ уагдӕтты хъомылгӕнинӕгтӕ, райдайӕн скъолайы ахуырдзаутӕ ӕмӕ районы администрацийы кусджыты зӕнӕг", - бахахх кодта пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана
© Пресс-служба Дзауского района РЮОДзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас
В Дзауском районе Южной Осетии открыли главную ёлку района. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2022
Дзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас
Ног хабӕртты лентӕ
0