Цхинвалы дыууæ хæдтулгæйы сæмбæлдысты алвæндагыл

© МВД Республики Южная ОсетияЦхинвалы дыууæ хæдтулгæйы сæмбæлдысты алвæндагыл
Цхинвалы дыууæ хæдтулгæйы сæмбæлдысты алвæндагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Цхинвалы центры дыццæджы изæры дыууæ хæдтулгæйы сæмбæлдысты Харебаты Исахъы уынджы æмæ Джиоты Аланы проспекты алвæндагыл. Уый тыххæй хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Фæндагон-транспортон цау æрцыд Харебаты Исахъы уынджы æмæ Джиоты Аланы проспекты алвæндагыл. Сæмбæлдысты дыууæ фæсарæйнаг хæдтулгæйы BMW-523 æмæ Toyota RAV4", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Барадхъахъхъæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, аварийы фæстиуæгæн ничи бахъыгдард, бæрæг цæуынц аварийы æууæлтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0