Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы ссардтой Калашниковы автомат 24 нæмыгимæ

© Photo : МВД Республики Южная ОсетияЦхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы ссардтой Калашниковы автомат 24 нæмыгимæ
Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы ссардтой Калашниковы автомат 24 нæмыгимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Автоинспектортæ Хуссар Ирыстоны ссардтой Daihatsu Move хæдтулгæйы, кæцыйыл скъæрдта столицæйы 31-аздзыд цæрæг, Калашниковы автомат 24 нæмыгимæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй хæдтулгæ басгарыны нысанæн æрурæдтой Путины æмæ 8 юны уынгты алвæндагыл. Хæдтулгæйы басгæрсты рæстæджы фæстаг бадæныл ссардтой хæцæнгарз. Шофыр æмæ йæ пассажиры бакодтой Цхинвалы мидхъуыддæгты дæлхайадмæ.
Цауы фæдыл бакондæуыд уголовон хъуыддаг УФ уголовон кодексы 222 статьямæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0