Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

4. МАСТЫ ДЗÆКЪУЛ

4. МАСТЫ ДЗÆКЪУЛ
Рафыссын
Уыцы хабары фæстæ Дзанг сфæнд кодта æлдарæй фæлидзын. Фæлæ Долат лæппуйы ныхмæ ныллæууыд.
— Фæлидздзынæ æмæ уымæй цы рамбулынмæ хъавыс? Уый æдылыдзинад у.
— Ауадз мæ, Долат, куы ма фенон уыцы æлгъыстаджы æлдары, — туг ныккæлдзæн æмæ сымах дæр мæн тыххæй фыдбылызы хаут, — мауал мæ уром, Хуыцауы хатыр бакæн, — чысыл сывæллонау лæгъстæ кодта Дзанг.
— Ацу, мæ лæппу, ничи дæ уромы, — сабыр æй кодта Долат. — Æрмæст æгъдауыл — уыцы тугхорæн хæрæджы куыст фæкодтай æмæ ма йын дæ куысты мызд та цæмæн хъуамæ ныууадзай.
— Уыцы æфхæрды фæстæ мæ ахæм цъаммар лæгæй ницыуал хъæуы, туг æмæ сын рондз фестæд мæ фыдæбон.
— Фыдхæсджынæй, дам, фæнык райс æмæ йын æй йæ цæстыты бакал. Æмбарын дæ, лæппу, фæлæ цы бакæнæм. Хуыцау ралгъыста мæгуыр лæджы æмæ æхгæд сты йæ дзурæнтæ, рæхысæй баст — йе уæнгтæ, быхсын хъæуы, мæ лæппу.
— Мæнæн быхсын мæ бон нал у, Долат, хъусыс? Мæ чысылæй фæстæмæ фæбыхстон. Надтой мæ, сæ чъизи къухтæ мыл сæрфтой — фæкалдтæн-иу, фæлæ та-иу сыстадтæн. Быхстон уæд, æдых уыдтæн, æнæхицау, æвæгæсæг æмæ-иу ме стыр æфхæрд мæ цæстысыгимæ нынныхъуырдтон. Æргомæй нæ — сусæгæй. Æргомæй ме ’фхæрджытæн никуы равдыстон мæ зын, мæ удхæрдтæ. Æмæ быхстон. Афтæмæй царды æвирхъау зын фæндæгтыл фæбырыдтæн мæ фарсыл, айнæджы цыргъ дуртыл мæ игæры къæрттытæ уадзгæ! Быхстон. Ныр нал ныббыхсдзынæн! Мæ масты дзæкъул атыдта.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0