Белорусаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой украинæйаг ракетæ С-300

© Белорусский силовик/TelegramБелорусаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой украинæйаг ракетæ С-300
Белорусаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой украинæйаг ракетæ С-300 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik. Белорусийы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй скуынæг кодтой украинæйаг ракетæ С-300, кæцы æрхауд Бресты областы.
"Йæ хæйттæ йын ссардтой хъæууонхæдзарадон быдыры Бресты областы Ивановы районы Горбаха хъæуы районы", - банысан кодтой æфсæддон уагдоны.
Развæлгъау бæрæг æрцыд, уый кæй уыд зенитон ракетæ, кæцы суагътой Украинæйы территорийæ.
Хъахъхъæнынады министрады бафтыдтой, зæгъгæ, цауы лыстæгдзинæдтæ фехъусын кæндзысты æввахс рæстæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0