https://sputnik-ossetia.com/20221229/khussar-iry-khakhkhnynady-ministrady-skhorzkhdzhyn-kodtoy-respublikyy-khakhkhndzhyty-20745172.html
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады схорзæхджын кодтой республикæйы хъахъхъæнджыты
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады схорзæхджын кодтой республикæйы хъахъхъæнджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павлов радта хорзæхтæ республикæйы хъахъхъæнджытæн. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ æфсæддон... 29.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-29T13:32+0300
2022-12-29T13:32+0300
2022-12-29T13:32+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры гарзджын тыхтӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/1c/20738274_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_da401634646155523ab80f9d23c6f558.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павлов радта хорзæхтæ республикæйы хъахъхъæнджытæн. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ æфсæддон уагдоны пресс-службæ.Павлов банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ.Хъахъхъæнынадон уагдоны сæргълæууæджы цæст бауарзта ветерантæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзæбон. Ветерантæн ма раарфæ кодта статс-секретарь, хъахъхъæнынады министры хæдивæг, инæлар-майор Сиукъаты Вадим. Мадзалы хайадисджытæ радзырдтой сæ мысинæгтæ цауты тыххæй, кæцытæ цыдысты 2008 азы августы хæсты рæстæджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/1c/20738274_240:0:1680:1080_1920x0_80_0_0_6b207a4cc66ae8df75111431bde4143c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры гарзджын тыхтӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры гарзджын тыхтӕ
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады схорзæхджын кодтой республикæйы хъахъхъæнджыты
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павлов радта хорзæхтæ республикæйы хъахъхъæнджытæн. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ æфсæддон уагдоны пресс-службæ.
"Хорзæхкæныны церемони ацыд президент Гаглойты Аланы барамындæй. Æмбæстæгтæ, кæцытæ активон хайад истой хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады арæзтады æмæ хæстон архæйдтыты, хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон майдантæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Павлов банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ.
"Хорзæхтæ алыхатт дæр ссарынц сæ хъайтарты! Афтæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр – хъайтартæн хорзæхтæ дæттой дæсгай азты фæстæ дæр", - бахахх кодта министр.
Хъахъхъæнынадон уагдоны сæргълæууæджы цæст бауарзта ветерантæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзæбон. Ветерантæн ма раарфæ кодта статс-секретарь, хъахъхъæнынады министры хæдивæг, инæлар-майор Сиукъаты Вадим. Мадзалы хайадисджытæ радзырдтой сæ мысинæгтæ цауты тыххæй, кæцытæ цыдысты 2008 азы августы хæсты рæстæджы.