Цхинвалы цалдæр уынджы автотранспорты змæлдыл сæвæрдзысты арæнæвæрд

© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы цалдæр уынджы автотранспорты змæлдыл сæвæрдзысты арæнæвæрд
Цхинвалы цалдæр уынджы автотранспорты змæлдыл сæвæрдзысты арæнæвæрд  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ фехъусын кодтой, цыппæрæмы изæры республикæйы сæйраг горæты цалдæр уынджы хæдтулгæты змæлдæн арæнæвæрд кæй сæвæрдзысты.
Афтæмæй, цыппæрæмы 17.00 сахатæй, цалынмæ ХИПУ агъуысты раз ногазон равдысты мадзæлтты цæуой, уæдмæ æхгæд уыдзысты Путины - Октябры, Путины – Джиоты Аланы проспекты, æмæ Путины - Сталины уынгты алвæндæгтæ.
Афтæ ма 17.00 сахатыл сæвæрдзысты арæнæвæрд автотранпорты змæлдыл Пушкины –Лужковы, Пушкины – Джиоты Аланы проспекты алвæндæгтыл, цалынмæ ПККЗ "Чермен"-ы цæуа мадзал "2022 азы адæймаг".
Уагдоны уынаффæ кæнынц хæдтулгæты скъæрджытæн, цæмæй рагацау сæ маршруттæ нывæндой.
Ног хабӕртты лентӕ
0