УФ Гарзджын тыхтæ скуынæг кодтой америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ "HIMARS"

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæУФ Гарзджын тыхтæ
УФ Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Уæрæсейы æфсад иттæг дырыс хæцæнгарзæй куынæг кæны Украинæйы Гарзджын тыхты техникæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Донецкы Адæмон республикæйы территорийыл уæрæсейаг дæлхайæдтæ скуынæг кодтой америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ "HIMARS". Харьковы областы иттæг дырыс цæфы фæстиуæгæн скуынæг кодтой дыууæ америкæйаг артиллерион системæ М777. Æдæппæт иу суткæмæ уæрæсейаг артиллери æмæ ракетон æфсæдтæ скуынæг кодтой 83 артиллерион дæлхайады сæ хæстон позициты, удæгас тыхтæ æмæ æфсæддон техникæ 102 районы.
Уымæй дарддæр уæрæсейаг авиаци æрыппæрста Украинæйы уæлдæфон тыхты дыууæ хæдтæхæджы Су-25 æмæ Су-24 æмæ дыууæ вертолеты Ми-8.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 354 хӕдтӕхӕджы, 194 вертолеты, 2741 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 399 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7296 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 953 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3742 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7810 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0