Аргъау, концерт ӕмӕ президентимӕ фембӕлд: ССГ хоны равдыстмӕ сабиты ногазон улӕфт бонты

© Photo : FacebookСывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан
Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Республикон сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан (ССГ) ногазон улӕфт бонты дӕтдзӕн равдыстытӕ сабитӕн. Нывӕст бацӕттӕ кодтой галуаны сфӕлдыстадон коллективтӕ. Уый тыххӕй радзырдта Sputnik уагдоны директоры хӕдивӕг Ӕрсойты Зӕринӕ.
Сабитӕ дӕтдзысты ӕртӕ равдысты бон 2-8 январьмӕ.
"Иууылдӕр нывӕст бацӕттӕ кодтой нӕ сывӕллӕттӕ. Аргъау Хъазиты Мелитоны уацмысмӕ гӕсгӕ бацӕттӕ кодта нӕ ӕрыгон кӕсӕджы театр, уымӕй дарддӕр вокалон ӕмӕ хореографион къордтӕ бавдисдзысты сӕ номыртӕ", - загъта уый.
Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны ногазон мадзӕлтты хсӕн сӕйраг бынат ахсы президентон наз бӕлас ӕмӕ хистӕркъласонты фембӕлд паддзахады разамонӕгимӕ.
"Президентон наз бӕласмӕ хуынд цӕуынц ацы аз сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны 3-4 кълӕсты сабитӕ. Фембгӕлд ацӕудзӕн 3 январы. Уыцы бон изӕры ма галуаны паддзахады разамонӕг Гаглойты Аланимӕ ныхасы фадат уыдзӕн хистӕркъласонтӕн",- бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0