https://sputnik-ossetia.com/20221231/6srmty-khin-mi-20629078.html
6. СÆРМÆТЫ ХИН МИ
6. СÆРМÆТЫ ХИН МИ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæдæй фæстæмæ чызг сæрвæтмæ никуыуал ссыд. Фæлæ-иу Дзанг изæры йæ фосы дзуг куы ’ртардта, уæд-иу æм йæхæдæг æрцыд нысангонд бынатмæ, хъæуы сæр чысыл æрдузмæ... 31.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-31T10:09+0300
2022-12-31T10:09+0300
2022-12-31T10:09+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/17/20628916_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_e91c73c110f1f25d9b246e935d09779e.png
6. СÆРМÆТЫ ХИН МИ
Sputnik Хуссар Ирыстон
6. СÆРМÆТЫ ХИН МИ
Уæдæй фæстæмæ чызг сæрвæтмæ никуыуал ссыд. Фæлæ-иу Дзанг изæры йæ фосы дзуг куы ’ртардта, уæд-иу æм йæхæдæг æрцыд нысангонд бынатмæ, хъæуы сæр чысыл æрдузмæ. Иу изæр та Дзанг фæзынди уыцы бынатмæ. Суанг боныцъæхтæм фенхъæлмæ каст, фæлæ ацы хатт чызг нал фæзынди. Нæ фæзынди дыккаг æхсæв дæр. Лæппу мæт æмæ сагъæсты ныххауди, ахсайдта йæ зæрдæ: кæд æм истæуыл фæхæрам ис Агуындæ, гъе та, æвæццæгæн, фæрынчын.Цæмæй зыдта лæппу, кæй æрцыди фыдбылыз. Фыдбылыз та ахæм уыди, ахæм, æмæ, айнæг къæдзæхтæ акалдтой цæхæртæ.Сæрмæт йæ хицауыл, куыдзау, æнувыд, уынаг йæ цæст, йæ хъус та хъусаг, — уыдта: æлдары кæрты чысыл базмæлыди исты, кæнæ та мыст атылдта йæ къæдзил. Хуыцау ма зæгъæд, Дзанхоты æххуырстытæй искæй дзыхæй æлдарæн æхцон цы нæ уыд, ахæм ныхас исты схауд, кæнæ йæ хъуыдыйы фæзынди, — Сæрмæтæн ницы ирвæзт мур дæр. Уадид-иу æй æлдары хъусты бацагъта. Æмæ-иу уæд мæгуыр æххуырстыл тудæы зæй ныууарыд. Ехсы цæфтæй-иу сæ чъылдымтæ схаудтой. Æнæуынон уыд Агуындæйæн Сæрмæт. Дзырдта йæ фыдæн, цæмæй йæ атæра сæ кæртæй. Фæлæ æлдармæ нымад уыди Сæрмæт, аргъ ын кодта. Зыдта, мин хатты фылдæр кæй у йæ зианæй йæ пайда. Æмæ йæ уый тыххæй йæхицæй, йæ кæрты баст куыдзау, нæ уагъта. Йæ чыздæы фæндыл никуы сразы æлдар.Цæстмæ-иу афхæрдта Сæрмæты æмæ-иу ууыл ахицæн ис хъуыддаг. Сæрмæт Агуындæйы йеддæмæ никæмæй тарст, æмæ кæд æргомæй нæ, — йæ мидзæрдæйы чызгæн йæ мæлæтмæ бæллыди.Æмæ йын фадат фæцис ныр.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/17/20628916_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_1bfa2a626e44b6cbb7600e656c51843e.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Уæдæй фæстæмæ чызг сæрвæтмæ никуыуал ссыд. Фæлæ-иу Дзанг изæры йæ фосы дзуг куы ’ртардта, уæд-иу æм йæхæдæг æрцыд нысангонд бынатмæ, хъæуы сæр чысыл æрдузмæ. Иу изæр та Дзанг фæзынди уыцы бынатмæ. Суанг боныцъæхтæм фенхъæлмæ каст, фæлæ ацы хатт чызг нал фæзынди. Нæ фæзынди дыккаг æхсæв дæр. Лæппу мæт æмæ сагъæсты ныххауди, ахсайдта йæ зæрдæ: кæд æм истæуыл фæхæрам ис Агуындæ, гъе та, æвæццæгæн, фæрынчын.
Цæмæй зыдта лæппу, кæй æрцыди фыдбылыз. Фыдбылыз та ахæм уыди, ахæм, æмæ, айнæг къæдзæхтæ акалдтой цæхæртæ.
Сæрмæт йæ хицауыл, куыдзау, æнувыд, уынаг йæ цæст, йæ хъус та хъусаг, — уыдта: æлдары кæрты чысыл базмæлыди исты, кæнæ та мыст атылдта йæ къæдзил. Хуыцау ма зæгъæд, Дзанхоты æххуырстытæй искæй дзыхæй æлдарæн æхцон цы нæ уыд, ахæм ныхас исты схауд, кæнæ йæ хъуыдыйы фæзынди, — Сæрмæтæн ницы ирвæзт мур дæр. Уадид-иу æй æлдары хъусты бацагъта. Æмæ-иу уæд мæгуыр æххуырстыл тудæы зæй ныууарыд. Ехсы цæфтæй-иу сæ чъылдымтæ схаудтой. Æнæуынон уыд Агуындæйæн Сæрмæт. Дзырдта йæ фыдæн, цæмæй йæ атæра сæ кæртæй. Фæлæ æлдармæ нымад уыди Сæрмæт, аргъ ын кодта. Зыдта, мин хатты фылдæр кæй у йæ зианæй йæ пайда. Æмæ йæ уый тыххæй йæхицæй, йæ кæрты баст куыдзау, нæ уагъта. Йæ чыздæы фæндыл никуы сразы æлдар.
Цæстмæ-иу афхæрдта Сæрмæты æмæ-иу ууыл ахицæн ис хъуыддаг. Сæрмæт Агуындæйы йеддæмæ никæмæй тарст, æмæ кæд æргомæй нæ, — йæ мидзæрдæйы чызгæн йæ мæлæтмæ бæллыди.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.