https://sputnik-ossetia.com/20230101/7ldary-mast-20629420.html
7. ÆЛДАРЫ МАСТ
7. ÆЛДАРЫ МАСТ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыккаг бон уæтæрмæ удаистæй схæццæ ис Долат. 01.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-01T16:11+0300
2023-01-01T16:11+0300
2023-01-01T16:11+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/17/20629266_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_5e66af1e989e05fa6e0fccaaa270c723.png
7. ÆЛДАРЫ МАСТ
Sputnik Хуссар Ирыстон
7. ÆЛДАРЫ МАСТ
Дыккаг бон уæтæрмæ удаистæй схæццæ ис Долат.— Дзанг, æвæстиатæй цæугæ мемæ, æлдар дæм дзуры.— Цы мын нывæрдта ме ’лдар? — лæппу хындæылæдæы ’рдæм аздæхта Долаты ныхас.— Нæ зонын. Тынг мæсты у. Бæстæ йæ сæрыл исы."Цæуыл мæсты уыдзæн" — цыдæр тæссаг хабар банкъардта лæппу.Дзанг æлдары баййæфта кæрты, йæ цæсгом тудæы азылд, æрфгуытæ, хæцат фырытау, кæрæдзийы ныхмæ фесты. Дзандæы куы ауыдта, уæд æнæуынон, хæрам цæстæй ацамыдта — мæ фæдыл, зæгъгæ.Зæрдæдзургæ, уæнгтæсастæй лæппу араст æлдары фæдыл ныккæндмæ. Æлдар ныккæнды дуар мидæгæй æрыхгæдта, стæй иу богъ фæкодта лæппуйыл:— Ды зоныс, дзæгъæлзад, хуыйы сыстау кæдæм сбырыдтæ, уый?! — Æлдары хъоппæг цæстытæ, фаты бырынчъытау, ныззылдысты лæппуйы æмæ дзы иннæрдæм ахызтысты.— Цы хабар у, æлдар, ницы зонын, — æлдары тызмæг, мæсты цæстæнгас нæ баурæдта.— Зоныс, саубæрзæй! Æмæ мын æргом зæгъ, цы иудзинад дын ис мæ чызгимæ?! — фергом ис æлдарæн нæ ныхас.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/17/20629266_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_3bdd8192eba71cfa9b84a2bafd0b6a7c.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Дыккаг бон уæтæрмæ удаистæй схæццæ ис Долат.
— Дзанг, æвæстиатæй цæугæ мемæ, æлдар дæм дзуры.
— Цы мын нывæрдта ме ’лдар? — лæппу хындæылæдæы ’рдæм аздæхта Долаты ныхас.
— Нæ зонын. Тынг мæсты у. Бæстæ йæ сæрыл исы.
"Цæуыл мæсты уыдзæн" — цыдæр тæссаг хабар банкъардта лæппу.
Дзанг æлдары баййæфта кæрты, йæ цæсгом тудæы азылд, æрфгуытæ, хæцат фырытау, кæрæдзийы ныхмæ фесты. Дзандæы куы ауыдта, уæд æнæуынон, хæрам цæстæй ацамыдта — мæ фæдыл, зæгъгæ.
Зæрдæдзургæ, уæнгтæсастæй лæппу араст æлдары фæдыл ныккæндмæ. Æлдар ныккæнды дуар мидæгæй æрыхгæдта, стæй иу богъ фæкодта лæппуйыл:
— Ды зоныс, дзæгъæлзад, хуыйы сыстау кæдæм сбырыдтæ, уый?! — Æлдары хъоппæг цæстытæ, фаты бырынчъытау, ныззылдысты лæппуйы æмæ дзы иннæрдæм ахызтысты.
— Цы хабар у, æлдар, ницы зонын, — æлдары тызмæг, мæсты цæстæнгас нæ баурæдта.
— Зоныс, саубæрзæй! Æмæ мын æргом зæгъ, цы иудзинад дын ис мæ чызгимæ?! — фергом ис æлдарæн нæ ныхас.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.