https://sputnik-ossetia.com/20230102/8dzang-mbkhsy-20629800.html
8. ДЗАНГ ÆМБÆХСЫ
8. ДЗАНГ ÆМБÆХСЫ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Бонрæфты Дзанг схæццæ ис уæтæрмæ. Йе ’мбал Грисæн радзырдта, цы фыдбылыз ыл сæмбæлд, уый. 02.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-02T12:30+0300
2023-01-02T12:30+0300
2023-01-02T12:30+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/17/20629647_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_ee73dff8ac3fd2667e4962efc0e0d62f.png
8. ДЗАНГ ÆМБÆХСЫ
Sputnik Хуссар Ирыстон
8. ДЗАНГ ÆМБÆХСЫ
Бонрæфты Дзанг схæццæ ис уæтæрмæ. Йе ’мбал Грисæн радзырдта, цы фыдбылыз ыл сæмбæлд, уый.— Куы дын дзырдтон, лæппу, дæхи дзы хиз, — тарст хъæлæсæй загьта зæронд лæг. Æлдар ме ’нæзонгæ нæу. Табу Хуыцауæн. Уыцы ныккæндæй кæй раирвæзтæ. Ныр дæ сæрæн цы хос ис, уый кæн. Дуне стыр у, фæцу искуыдæм.— Чызгæй мæ бæрæг цалынмæ базонон, — цæуæн мын никуы- дæм ис, — фидарæй загьта лæппу.— Цы бæрæг ма дæ зонын хъæуы. Бамбар æй, зындæимæ хъазыс æмæ дзы дæ сæр басудздзынæ.— Нæ дзы тæрсын. Æрмæст дæ курын, бон мын уæтæры баззайæн нæй, æхсæв-иу дæм фæзындзынæн. Чизоны, исты хабар...— Цæй, дæхивæнд тæрыс, æмæ дын цы мæ бон у, фæлæ уал исты бахæр, æлдармæ цæлы фынгыл нæ бадтæ.Æфцæдæы, цæгатфарс хъамылты æмбæхсти Дзанг, лæппу йæ хъуыдытимæ баззад æмæ фыхти сæ мидæг. Æрвылбон дæр, Долат цы бæрæг ныхас схæсдзæн, уымæ æнхъæлмæгæсгæйæ, уалдзыгон митау тади. Смæллæг, схæмпæл сты рустæ. Кæмдæр йæ мидзæрдæйы хатыд, цы дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы, уымæй кæй ницы уыдзæн хорзæй.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/17/20629647_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_fac5a2ab1fe3a88743698cdbe1ca620f.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио, истори, аудио
Бонрæфты Дзанг схæццæ ис уæтæрмæ. Йе ’мбал Грисæн радзырдта, цы фыдбылыз ыл сæмбæлд, уый.
— Куы дын дзырдтон, лæппу, дæхи дзы хиз, — тарст хъæлæсæй загьта зæронд лæг. Æлдар ме ’нæзонгæ нæу. Табу Хуыцауæн. Уыцы ныккæндæй кæй раирвæзтæ. Ныр дæ сæрæн цы хос ис, уый кæн. Дуне стыр у, фæцу искуыдæм.
— Чызгæй мæ бæрæг цалынмæ базонон, — цæуæн мын никуы- дæм ис, — фидарæй загьта лæппу.
— Цы бæрæг ма дæ зонын хъæуы. Бамбар æй, зындæимæ хъазыс æмæ дзы дæ сæр басудздзынæ.
— Нæ дзы тæрсын. Æрмæст дæ курын, бон мын уæтæры баззайæн нæй, æхсæв-иу дæм фæзындзынæн. Чизоны, исты хабар...
— Цæй, дæхивæнд тæрыс, æмæ дын цы мæ бон у, фæлæ уал исты бахæр, æлдармæ цæлы фынгыл нæ бадтæ.
Æфцæдæы, цæгатфарс хъамылты æмбæхсти Дзанг, лæппу йæ хъуыдытимæ баззад æмæ фыхти сæ мидæг. Æрвылбон дæр, Долат цы бæрæг ныхас схæсдзæн, уымæ æнхъæлмæгæсгæйæ, уалдзыгон митау тади. Смæллæг, схæмпæл сты рустæ. Кæмдæр йæ мидзæрдæйы хатыд, цы дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы, уымæй кæй ницы уыдзæн хорзæй.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.