Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

9. ЛИГЪДОНТЫ ФÆНДАГ

9. ЛИГЪДОНТЫ ФÆНДАГ
Рафыссын
Æхсæвæй хицæн кодта бон, афтæ Дзанг æмæ Агуындæ ныууагътой лæгæт æмæ сæ ных сарæзтой æфцæдæы ’рдæм рæгътыл.
Хуылыдз мигътæ æхсæв бонмæ фæлæмæрстой сæ цæстысыг, фыркуыдæй, цыма бафæлладысты æмæ райсомырдæм тарф фынæй баисты, уыйау ныффæлдæхтысты кæмтты дыдæгъты.
Дысон изæрæй сæм, комæй æфцæгмæ кæсгæйæ, фæндаг куыд æввахс æмæ æнцон суайæн фæкаст, ныр афтæ нæ разынд. Æгæр хæрд æмæ сыл æгæр ныддаргь и. Нодæы талындæы уымæл кæрдæгыл фæстæмæ бырыди къах æмæ сын ницы æнтысти размæ. Тындзынц: цалынмæ не ’рбабон æмæ зæххæй не сыстади мигъ, уæдмæ æфцæгæй аирвæзыныл, кæннод тæссаг у, æлдары дæлбар адæмæй сæ исчи куы бафиппайа, уымæй. Куыд уæлæмæ цыдысты, афтæ æхсæвы тар, зæронд хъæццулы фарсау, райдыдта ивзийын. Ныр йæ развæндаг хуыздæр æвзæрста цæст. Æфцæгмæ куыд хæстæгдæр кодтой, афтæ сæ, цыма, исчи арвы хъæбысы æрцауыгъта, уыйау мигъты скъуыдты æхсæнты гæзæмæ æрзындысты айнæгфарс бæрзонд къæдзæхты цъуппытæ. Æфцæдæы ’рдыгæй радымдта дымгæ, йæ разæй растын кодта мигътæ æмæ сæ рамарзта дæлæмæ, коммæ. Ныр разындысты арвы цъæхыл райсомы иугай мынæг стъалытæ. Скæсæнырдыгæй арвы кæрæттыл ныхæст тæнæг мигътæ гæзæмæ фæсырх сты. Æрбабон. Дзанг æмæ Агуындæ схæццæ сты æфцæдæы рагъмæ.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0