Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

10. ФЫЦЦАГ ХЫЛ

10. ФЫЦЦАГ ХЫЛ
Рафыссын
Лæгæтæй куы ралыгъдысты, уæдæй фæстæмæ рацыдис дыууæ къуырийы бæрц. Ацыдысты цалдæр комыл, ахызтысты цалдæр æфцæдæы сæрты, фæлæ йæ кæрон никуы зынд æфцдæыты рæхысæн. Иу комыл-иу ахæццæ сты — иннæ райдыдта, фыццагæй арфдæр æмæ талынгдæр. Иу æфцæгыл-иу æрхызтысты — иннæуыл сæ схизын бахъуыд, фыццагæй хæрддæр æмæ тæссагдæр схизæнтæ æмæ ныххизæнтимæ. Кæмттæ куыд уæлæмæ быгъдæгдæр æмæ æдзæрæгдæр кодтой. Хатт-иу æгас бон фæцыдысты — змæлæг никуы. Уыцы афтид кæмтты нардæыты æмæ уæлийæ, кæрæдзийы æккæйтты, уæлдæфы ауыгъд, рахауынæввонг цы айнæдæы фæрсчытæ æрзæбултæ сты, уыдон Агуындæйыл мæлæты тас æфтыдтой.
Æниу æппæт уыцы æдзæрæг, мæрдон, талынг кæмттæ уыйбæрц тасы не ’фтауынц Агуындæйы, Дзандæы цæсгом бонæй-бонмæ тарæй-тардæр æмæ сагъæссагдæр кæй кæны, уыцы хабар æй удхарæй куыд мары. Нодæы куыд арфдæр æмæ куыд зындæр кæны фæндаг, афтæ кадаварæй-кадавардæр кæны йæ ныхас, цалынмæ йæм Агуындæ не сдзуры йæхæдæг, — лæг æгомыгæй баззайы. Æмæ хатт Агуындæмæ афтæ фæкæсы, Дзандæы куы ныууадзид йæ адыл, уæд лæгæй ферох уаид дзурын æмæ, уæлæ уыцы къæдзæхы фæрсчытау, æгомыг хъилдур фестид. Цыдæр æрцыд йæ лæгыл. Хаты, лæг утæхсæн кæй кæны, стыр мæт дзы кæй бацыд. Фæлæ цы?
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0