Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

11. ТЪЕХТЫ ХÆДЗАР

11. ТЪЕХТЫ ХÆДЗАР
Рафыссын
Дыккаг бон, изæрдалынгты, бахæццæ сты иу хъæумæ. Цæмæй цардысты, куыд цардысты хъæуы цæрдæытæ быгъдæг комы, дурты цæндтæ æмæ дзы айнæгфарс къæдзæхты йеддæмæ куы ницы зындис, уыцы хъуыддаг дисы ныппæрста Дзанг æмæ Агуындæйы. Хъæуы йæ тæккæ бæсты астæуыл фæхицæн кодта цæугæдон. Донæн йæ фаллаг фарс — лæгъздæр æмæ цæрынæн æнцонвадатдæр. Уым — фылдæр æмæ дурæй бæстондæр амад хæдзæрттæ, сæ мæсыг дæр бæрзонддæр — дардыл парахатдæр. Донæн ацырдыгæй фарс, къæдзæхы сынæгыл, хъæуæн йæ иннæ хай, æгасæйдæр æртæ хæдзары, кæрæдзийы сæрты, мыды чыргъæдтау, бацъупп сты. Сæ мæсыг къаннæгдæр, цыма сæ алыварс дурты цæндтæн фæуынæй тарстысты йæ самайдæытæ, уыйау. Уыцы æдзæрæггъуыз уыди ацы фарсы сых. Фаллаг сыхæй хъуыст кæйдæр хъæлæба. Хæдзæрттæй хæрдмæ, æлвисæгау, цыдысты фæздæдæы æвзæгтæ. Фаллаг сыхмæ доны сæрты бахизæны — хид ист.
Дзанг ацагуырдта доны сæрты тæнæгдæр бахизæн. Фæлæ æдас ран куынæ ссардта, уæд ардыккаг сых, æртæ хæдзары цы айнæдæы фахсыл уыд, уырдæм ахæцыд Агуындæйы цонгыл. Асиныл бырæгау скодтой сартæйамад айнæгфарс къæдзæхыл хæрдмæ схизæны тыххæй къахт къахвæндагыл. Бинаг хæдзары кæрты дуар бахостой. Дзуапп сын ничи радта. Бахостой дыккаг хатт. Æрæдæиау кæрты уæззау дуары мидæгæй райхъуыст тызмæг хъæлæс.
— Чи дæ?!
— Хуыцауы хатыр бакæн, дард ранæй цæуæм. Фæрæдыдыстæм фæндаг æмæ нын æй куы ацамонис, — мидæгæй райхъуысæг тызмæг хъæлæсыл фæдызæрдыг и Дзанг.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0