Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

12. ЦУАНОНЫ ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ÆФТИАГ

12. ЦУАНОНЫ ÆНÆНХЪÆЛÆДÆЫ ÆФТИАГ
Рафыссын
Уæлвæзы хъæуккаг номдзыд цуанон Бесолты Цопан комы нарæджы хъавæн бынат æрцахста æмæ топпæргъæвдæй æнхъæлмæ кæсы, бонасадæнты æфцджытæй фæсвæд къахвæндæгтыл коммæ, дон нуазынмæ, цы сæгуыттæ æрхъуызынц, уыдонмæ.
Хуры дзæгæрæг тынтæ ныккастысты æмæ, цыма, хъæдыл арт сирвæзт, уыйау комы сæрмæ ныццахст æнуд бæзджын фæлм. Æнæнымæц бындзытæ æмæ лыстæг уырынгонтæ зилахар систой тæвд, æхсыргъуыз уæлдæфы æмæ сæ гуыз-гуызæй бæстæ сæ сæрыл систой. Кæмдæр, æввахс ран, зæххы скъуыдты æмæ дурты бын аууæтты нымбæхстысты, афтæмæй, æхсаргæрдты æрцъыккау, нæрынц хъæсдарджыты зыр-зыргæнаг хъæлæстæ. Мæргътæ, сырдтæ, мæкъулджытæ æрæмбæхстысты аууæтты æмæ æнхъæлмæ кæсынц боны сатæгмæ.
Тыхсы Цопан. Галбындзытæ æмæ даргъфатджын къогъотæ йæ сæ уæлныхты систой, стонг бирæгътау ын йæ цæсгоммæ лæбурынц. Асуры сæ, фæлæ ноджы знæтдæрæй æрбалæбурынц ногæй.
Иуафон Цопаны бæрзæй сдудыдта. Лæг амæсты æмæ, рахиз къухæй бæрзæйыл дзынгайы ныдздзæхст кæнон куыд загъта, афтæ комы фаллаг фарсæй цæугæдонмæ цы иукъахвæндаг цыд, уым сыфтæртæ базмæлыдысты. Цуанонæй йæ бæрзæйы дудын æрбайрох æмæ фаллаг фарсмæ йæ цæстытæ ныццавта. "Сырдтæ донмæ цæуын райдыдтой" — хъуыды кодта æмæ æррæвдз кодта йæ хæцæнгарз.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0