Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

14. ГАБО

Рафыссын
Къулыл мынæг рухс кæны назы цырагь. Хæдзары бæстастæу судзы къонайы арт. Сæнары цъæх-цъæхид æвзæгтæ лæбурынц ердойæ артдзæстмæ бæт рæхысыл ауыгьд цæнгæт цуайнагмæ, цуайнаджы фæрстыл сæ фæздæг акæлы, фæздæг фæлурс уадздзæгтæ фесты æмæ рæхысы æлхуыйы фæрсты, æлвисгæ, сфардæг вæййы ердойы хуынкъмæ, ердойы хуынкъæй йæ сæр нæма сдары, афтæ йæ æхсæвы ирдгæ ацахсы, æрыздухы йæ æмæ йæ афу кæны комы ’рдæм.
Сæнары тæф ныббадти хæдзары къуымты æмæ рæмудзы фындзыхуынчъытæ. Фысымтæ йыл ахуыр сты, нал æй хатынц се ’мбудæнтæ, фæлæ уаздæытæн сæ хурхысæртæ арауы æмæ куы сæ иуы хуыфын райхъуысы, куы иннæйы.
Хæдзары рæбынæй, ныллæг æртыкъахыг нывæфтыд къæлæтджыныл, бады мыггаджы хистæр — Берд, Габойы мад Санет æм фæдзурын кодта, уаздæыты цур абад, зæгъгæ. Йæ фæйнæфарс ныллæг бандæттыл та бадынц уаздæытæ. Уаздæытæ фæллад æмæ æххормаг кæй сты, уый хатынц фысымтæ æмæ тагъд кæнынц æхсæвæрыл.
Фысымты лæппу Габо йæхæдæг дæр цалдæр боны фæндагыл уыд, фæлæ уазджыты раз йæ фæллад не ’вдисы. Куы цуайнаджы бын зынгтыл хус сæнæрттæ æрæвæры, куы та йæ мад Санетæн арынгмæ хыссæйыл дон æркæны, афтæмæй йæ цæсты зул нал исы йе ’мкар уазæг лæппуйæ. Тынг æй фæнды, йемæ куы аныхæстæ кæнид, куы йæ афæрсид: кæцон у, кæмæй у, уымæй. Йæхæдæг дæр ын йæ балцы хабæрттæ куы ракæнид.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0