Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

15. ДЗАНГ ЙÆ СУСÆГДЗИНАД РАРГОМ КОДТА

15. ДЗАНГ ЙÆ СУСÆГДЗИНАД РАРГОМ КОДТА
Рафыссын
Зад уыгæрдæны кæрæдзи фæдыл æруырдыг сты Дзанг æмæ Габо. Дзанг разæй, Габо та фæстейы.
Цыма Дзангæн йæ цæнгты бæт феуæгъд æмæ дæлæмæ йæ фыдызнагмæ фæлæбуры, уыйау, сæхи ивазынц цæнгтæ. Цæвæг ныхситт ласы æмæ йæ фæдыл баздæын хосы уис фæлдæхтæй уадзы.
Райсомы сатæг уддзæф, ног карст кæрдæджы тæф æмæ цæвæджы æхситт фæцагайдтой Дзандæы æнкъарæнтæ æмæ зæрдæйы ныззæлланг ласта, афтæ бирæ кæй уарзы, уыцы адæмон хъæбатыр Тылаттаты Чермены зарæджы мелоди.
Цæмæн ын фæцагайдта уыцы зарæджы мелоди йе ’рхæндæг зæрдæ — нæ хаты. Æвæццæгæн, зарæджы цæуыл дзырдæуы, уый æгасæй дæр Дзангæн йæхи царды таурæгь кæй у. Чермен Тылаттаты уæздæттæй сæ иуы, Бестолы кæвдæсард, а дунейыл цæрынæн чи райгуырд æмæ йын йæ мыггаджы уæздæттæ зæххы хай кæмæн нæ радтой, уый лæгдыхæй растад æмæ тыхæй бакодта йæ хъæздыг мыггаджы зæххытæ. Фæлæ сау тыхтæ нæ ныббарстой сæ цагъар кæвдæсардæн æмæ йæ амардтой хинæй.
Афтæ у Дзангæн дæр йæ уавæр. А дунейыл цæрынæн райгуырд уый дæр, фæлæ йыл йæ къах кæм æрæвæра, зæххæй йын ахæм хай нæ разынд. Царды æвирхъау тыхдымгæ йæ систа æмæ кæм аскъуыйдзæн йæ царды кæрон — Хуыцау йæ зонæг. Цы йæм æнхъæлмæ кæсы Цæгаты дæр? Æххуырсты цард. Цалынмæ цæра, æдзухæй дæр — дæлдзиныг. Æмæ кæдмæ æрвитдзæн искæй фосы скъæтты йæ царды бонтæ?
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0