Цæгат Иры скъоладзаутæ ацыдысты ахуыртæ проект "Фыццаг професси"-йы фæлгæтты

© Fotolia / SkyLineЦæгат Ирыстоны скъоладзаутæ ацыдысты ахуыртæ проект "Фыццаг професси"-йы арæнæвæрдты
Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ ацыдысты ахуыртæ проект Фыццаг професси-йы арæнæвæрдты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 янв – Sputnik. Проект "Фыццаг професси"-йы фæлгæтты цæгатирыстойнаг скъоладзаутæ ацыдысты хатдзæгон аттестаци æмæ сбæлвырд кодтой сæ зонындзинæдтæ фæлварæнон къамисы раз. Уый тыххæй хъусын кæны "15-й Регион" развæлгъауы профессионалон цæттæкæнынады Центры пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.
Дыууын аст хистæркълассоны сахуыр сты программæтæ "Веб-куыст", "Амалиуæгад", "Графикон дизайн", "ЭНМ оператор", "Экскурсигæнæг", "БПЛА оператор", "3D-моделарæзтады бындуртæ".
Развæлгъауы профессионалон цæттæкæнынады Центры бафтыдтой, ноджы 50 скъоладзауы кæй ахуыр кæндзысты азы кæронмæ, 2023 азы уалдзæджы та райсдзысты сæ фыццаг документ профессийы тыххæй.
Программæ "Фыццаг професси" реализацигонд цæуы националон проект "Ахуырад"-ы фæлгæтты. Йæ нысан у скъоладзауты конкурентон уæлидзинад, афтæ ма цæрджыты профессионалон æмæ ахуырадон æмвæз фæуæлдæр кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0