Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Украинæйы Гарзджын тыхты æфтауцтæ

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæдтæ
Уæрæсейаг æфсæдтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 янв – Sputnik. Уæрæсейаг дæлхайæдтæ иттæг дырыс æхст фæкодтой Украинæйы Гарзджын тыхты æртæ æфтауцы Донецкаг республикæ æмæ Харьковы областы. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Артиллери, авиаци æмæ ракетон æфсæдтæ скуынæг кодтой 89 украинæйаг артиллерион дæлхайады, удæгас тыхтæ æмæ хæстон техникæ 126 районы.
Уымæй дарддæр скуынæг кодтой дыуууæ америкæаг радиолокацион станцы AN/TPQ-50.
Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхтæ æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ураган"-ы 10 сармадзаны, афтæ ма аст украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 367 хӕдтӕхӕджы, 200 вертолеты, 2856 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 400 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7460 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 972 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3793 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7978 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0