Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

16. ЦÆРГÆСБАДÆНЫ ФÆДИС

16. ЦÆРГÆСБАДÆНЫ ФÆДИС
Рафыссын
Дзанг æмæ Габо хос карст фесты. Мæкъуылтæ самадтой æмæ сæ галтыл скъæты цурмæ æрæфтауц кодтой.
— Еныр дæм, ме ’фсымæр, мæ зæрдæ нал æхсайдзæн, — фæстаг хосы тъыфыл цъынайы сæр хъилы алыварс æрнæмгæйæ загьта Дзанг. — Холлаг дæм фаг ис, азымæдæы тас нал у дæ фосæн.
— Иудзырдæй, ды куынæ уыдаис, уæд нæ мæкъуылтæ æфцæгыл баззадаиккой, — æнæкæрон бузныг уыд лæппу уазæгæй.
Дзанг хосы цъынайы сæрæй æргæпп ласта, йæ ныхы хид асæрфта æмæ æрбадти дурыл. Габо дæр йæ уазæдæы фарсмæ фæлладæй йæхи æруагьта.
— Фыдæбонæй дæ амардтам, — хатыркурæгау бакодта лæппу.
— Фыдæбон та цы хоныс, еныры хуызæн æхцондзинад мæ куыстæй никуыма райстон, бауырнæд дæ. Ныр мын афон у, не ’фсин дæр йæ къахыл слæууыд. Цæуын хъæуы райсом.
Габо ницы загьта. Ныхъхъус. Æрæдæиау афтæ:
— Зын мын уыдзæн æнæ дæу. Стæй гыццийæн...
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0