Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

17. ЦÆРГÆСБАДÆНЫ ХИСТÆР БЕРД

17. ЦÆРГÆСБАДÆНЫ ХИСТÆР БЕРД
Рафыссын
"Зымæг нæм, æнæхонгæ уазæгау, йæ сæрæй дуæрттæ фæкæны, уалдзæг та, тæргайгæнаг чындзау, йæ цæгатæй нал фæкомы", — афтæ фæдзурынц Цæргæсбадæны цæрджытæ. Æмæ, æцæгæй дæр, уалдзæджы фæудмæ мит нæ батад æмæ фæндаг нæ ацыд æфцæджы сæрты Цæгатырдæм.
Уалдзæджы хор хæссынмæ чи фæцæуы, уыдон фæцæттæ кæнынц æгас хъæубæстæй. Æмæ сæ ацæуыны рæстæг куы ’рхæццæ вæййы, уæд та рагуалдзæджы, мыды чыргъæдау, хъæуы уынгтæ базмæлынц. Уæлдай тыхст æмæ мæтæйдзаг вæййынц, йæ хæдзар æвæгæсæгæй чи фæуадзы, уыдон бинонтæ. Сæ фыддæр мæт — сæ фосы муртæ. Хъæубæстæ рагæй дæр сæ фос радыгай фæхизынц, фос кæмæ куыд фылдæр ис, уымæ гæсгæ. Хъæубæстæм æддагон æххуырст никуыцæй æфты, сæхицæн та уый фадат никæмæн ис, уымæн æмæ хъæубæсты фосы бæрны бацæуын йæ бон кæмæн у, уыдон хор бакусынмæ ацæуынц.
Уымæй уæлдай уалдзæг йемæ ’рхæссы ног мæт, ног сагъæстæ. Ивылд дæттæ уалдзæджы фæласынц комы хидтæ, фехæлынц фæндæгтæ. Митдæттæ æмæ рагуалдзæджы тæрккъæвдатæ ныххафынц Цæргæсбадæны цæрджыты æнæбары хуымы гæппæлты сыджыт æмæ хуымтæ дуррæдзæгъдтæ фестынц.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0