Цхинвалы Тагъд æххуысы станцы радзырдтой, куыд ацыдысты ногазон бæрæгбонтæ

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæТагъд æххуысы хæдтулгæ
Тагъд æххуысы хæдтулгæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы Тагъд æххуысы станцмæ 2023 азы райдайæнæй бацыд 400 фæсидты. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Станцы сæйраг дохтыр Хъуылымбегты Эмзар.
Фæсидттæ фылдæр бæрцæй баст уыдысты зæрдæйы проблемæтæ æмæ КРВИ-имæ.
"Тагъд æххуысы станц ногазон улæфт бонты куыста штатон режимы, радгæсонтæ уыдысты цыппар бригадæйы: уыдонæй æртæ терапевтон æмæ иу та сывæллæтты. 31 декабры махмæ уыд æрмæстдæр 40 фæсидты", - загъта Хъуылымбегты Эмзар.
Уый банысан кодта, суткæйы дæргъы сæм астæуккагæй кæй цыд 49 фæсидты. Сæйраг дохтыр бафтыдта, зæгъгæ, пиротехникæйæ пайда кæныны фæдыл травмæты тыххæй сæм фæсидттæ нæ уыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0