Украинæйы Гарзджын тыхтæ иу суткæмæ фесæфтой 170-æй фылдæр адæймаджы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы Гарзджын тыхтæ
Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Украинæйы Гарзджын тыхтæ иу суткæмæ фесæфтой 170-æй фылдæр адæймаджы, дыууæ танчы, æртæ артиллерион хæцæнгарзы "Акация", цыппар 155 миллиметрон гаубицайы М777 æмæ 19 бронехæдтулгæйы, фехъусын кодта дыццæджы ДАР Адæмон милици.
"Донецкаг Адæмон Республикæйы æфсæддонтæ æмæ Уæрæсейы Гарзджын тыхты иумæйаг архайды руаджы скуынæг кодтой знаджы хæстон техникæ æмæ хæцæнгæрзтæ: дыууæ танчы (Т-64БВ), æртæ артиллерион хæцæнгарзы (2С3 "Акация"), цыппар 155 миллиметрон гаубицайы (М777) æмæ 19 бронехæдтулгæйы. Афтæ ма скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы 170-æй фылдæр æфсæддоны", - дзырдæуы милицийы Telegram-каналы.
Къуырисæры уагдоны хъусын кодтой, украинæйаг æфсæдтæ иу суткæмæ кæй фесæфтой 25-æй фылдæр адæймаджы, хæстон æмæ автомобилон техникæйы фараст иуæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0