Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

18. СÆГО

Рафыссын
Æгæр раджы фесты уыцы аз фæззыгон хъарм бонтæ. Адæм сæхи нæма бацæттæ кодтой зымæгмæ, афтæ хуылыдз мигътæ ныффæлдæхтысты кæмтты саджилты æмæ сæ уазал цæстысыг лæмарын райдыдтой. Дыууæ боны фæкуыдтой, стæй Тызмæг хохы цъуппæй раулæфыд ирдгæ. Къæвдайы ’ртæхтæ урс-урсид пирæнгæмттæ фестадысты æмæ райдыдта мит уарын.
Уыцы райсом сæумæцъæхæй фестади Сæго æмæ æддæмæ рауад. Æхсæв мит фадхъулмæ ныууарыд.
"Афтæ куы фæуара, уæд уалдзæгмæ мæ къухы нал бафтдзысты мæ хосы мæкъуылтæ", — ныссагъæс кодта лæг æмæ фæстæмæ баздæхт. Къонайы фарсмæ зынгтимæ архайгæ баййæфта Æхсæрæгоны.
— Не ’фсин, дæхи барæвдз кæн, нæ хосы мæкъуылтæ æрдавæм, æгæр уары æмæ сæ уый фæстæ миты бынæй къахын бахъæудзæн, — бамбарын кодта усæн, йæхæдæг йæ кæрцы къæрит йæ уæлæ æрбаппæрста æмæ холлаг æрбахаста фосæн.
Бинонтæ аходæн бахордтой. Сæго æмæ Æхсæрæгон срæвдз кодтой сæхи æмæ цæуынхъус систы.
— Баба, мæн дæр уемæ акæнут, аххуыс уын кæнон, — Сæгойы хъустыл ауад йæ чызг Кæлимæты ныхас.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0