Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

19. КÆЛИМÆТ

Рафыссын
Кæлимæт æгас зымæджы йæ уат нал систа. Мит куы батад æмæ хуры тынтæ парахатæй куы ’рындæвтой, уæд сыстад. Уаноты хæдзары фæстæ дурыл сбадт æмæ æрхæндæгæй йæ цæст нал иста сæ хæдзарæй. Æниу ма цæй хæдзар! Зымæджы уæззау мит нæ баурæдта хæдзары зæронд, æмбыд сæр, ныккалд. Æмæ хæдмæл бæхы стæгдары фæрсчытау зыны. Кæрты змæлæг ничи ис. Йæ зæрдæ суынгæг чызгæн. Лæдзæджы æнцæйтты ныххылд сæхимæ. Æрлæууыд кæрты. Сæ хæдзары дуар — дзуарæвæрд хъилтæй хуыд. Кæрт змæстытæ, æнæфснайд. Лæдзæг бахъил кодта къулыл, уæлкъæсæрæй æриста уисой æмæ сындæггай бафснайдта кæрт. Уый фæстæ рафтыдта хæдзары дзуарæвæрд хъилтæ æмæ бакодта дуар. Бирæ рæстæджы йæ бон хæдзармæ бахизын нæ баци. Хæдзары къуымтæй йыл раулæфыд æнахуыр уазал. Астæрды сыджыт алырдыгæй уырытæ скалдтой. Къонайы рæхысæй суанг цары сæгæйдзаг рагъхъæдтæм хæлуарджытæ снывæзтой сæ тынтæ. Ердойæ фæтагъди миты дон æмæ къонайы фæнык ныггуыдын.
Ныккæрзыдта Кæлимæты зæрдæ. Фæцудыдтой уæрджытæ æмæ къонайы фарсмæ сæ зæронд къæлæтджыныл хауæгау æркодта.
Куыд цæрдзæни, цы уыдзæни — уыцы хъуыды схæлбурцъ кодта сæры магъзы. Хæдзарæн хæдзар рахонæн нал и, къуымтæ — ихсыд. Зымæг зымæджы дæргъы рынчынæй, йæ уатыл хуысгæйæ, фæндтæ кодта, уалдзæджы куыд бабæстон кæндзæн сæ хæдзары хъуыддæгтæ æмæ цалынмæ удыгас уа, уæдмæ ахуыссын кæй нæ бауадздзæн йæ фыды къонайы арт.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0