Хуссар Иры хæххон къахдзоныгъон трассæ бакæндзысты æввахс бонты

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны хæххон къахдзоныгъон трассæ бакæндзысты æввахс бонты
Хуссар Ирыстоны хæххон къахдзоныгъон трассæ бакæндзысты æввахс бонты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хусар Ирыстоны иунæг хæххон къахдзоныгъон трассæ Цъоны бакæндзысты æввахс бонты. Экономикон райрæзты министрады туризмы фæткдаруаты сæргълæууæг Плиты Вадим куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй трассæ байгом уыдзæн хуыцаубоны 15 январы.

"Специалисттæ биноныгæй басгæрстой къуылдым, ауагътой объективон анализ æмæ аскъуыддзаг кодтой мит фаг кæй æрæмбæрзта, цæмæй курорт райдайа йæ куыст", - банысан кодта Плиты Вадим.

Зымæджы райдианы ауагътой техникон куыстытæ, цæмæй трассæ цæттæ уа сезонмæ æмæ фыццаг митмæ. Трассæ фестырдæр кодтой, йæ дæргъ у дыууæ километры æмæ йæм айгæзтой ноджы трассæ, цæмæй улæфджытæ кæрæдзи ма хъыгдарой. Хъус æрдардæуыд трассæйы æдасдзинад æмæ æнцойуатæн.
Цъон у чысыл хъæу Къуыдаргомы къæсæрыл, къахдзоныгъон трассæ кусы æртыккаг аз, цæуынц æм бирæнымæц туристтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0