Цæгат Ирыстоны æрцыд ФТЦ: зиан баййæфта иу адæймаг

© Photo : Пресс-служба МВД РФ по РСО-АЦæгат Ирыстоны æрцыд ФТЦ: зиан баййæфта иу адæймаг
Цæгат Ирыстоны æрцыд ФТЦ: зиан баййæфта иу адæймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Дзæуджыхъæуы æртыццæджы æрцыд авари, зиан баййæфта иу адæймаг. Уый тыххæй хъусын кæны "15-й Регион" Цæгат Ирыстоны МХМ пресс-службæмæ æрвитгæйæ.
Авари æрцыди Гæдиаты Цомахъы уынгыл.
"Развæлгъауы информацимæ гæсгæ, 1979 азы гуырд хæдтулгæ "Фольксваген"-ы скъæрæг, Доваторы уынджы ᾿рдæм змæлды рæстæджы сæмбæлди лæугæ "Газель"-ыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдогнады банысан кодтой, хæдтулгæйы скъæрæджы кæй баластой медицинон уагдонмæ. Дохтырты басгæрсты фæстæ йæ ауагътой амбулаторон хуызы хос кæнынмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0