Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

20. КÆЛИМÆТЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ

20. КÆЛИМÆТЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ
Рафыссын
Иу изæр Уано цавæрдæр æнæзонгæ лæджимæ фæзынди. Тынг хъæлдзæг æмæ парахатзæрдæ уыд уыцы бон. Уазæгæн кусарт акæнын кодта æмæ йæ фырцинæй нал уагьта зæххыл бадын дæр. Æнæзонгæ лæг, Хъуынцел, йæ цæст нал иста Кæлимæтæй...
Дыккаг бон уазæг сæхимæ куы ацыд, уæд Кæлимæт базыдта, Уано йæ Хъуынцелы фыртæн кæй дæдты. Чызг марæн кæрдтæ йæ сæрмæ хаста, кæй нæ зоны æмæ кæй нæ уарзы, уымæ моймæ нæ ацæудзæн, фæлæ йæ йæ фыды ’фсымæр сыбыртт дæр не суагъта.
Цалдæр боны фæстæ Уано æрбатардта, Кæлимæты сæры аргъмæ цы стыр ирæд райста, уый. Семæ фæзынд "сиахс" дæр. Æмбисонды рæсугьд æмæ сæрæн лæппу. Адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой. Кæлимæт æй куы федта, уæд дыууæ дихы фæци йæ зæрдæ. Раст ахæм лæппуйы сурæт ныв кодта йæ сæнтты. Ахæмы агуырдта йæ бирæ усгурты ’хсæн æмæ мæнæ, æнæнхъæлæджы, йæ бæллиц сæххæст... Лæппу фæстæмæ аздæхт, æмæ, цыма чызджы зæрдæ йемæ ахаста, уыйау æрынцой нал ардта Кæлимæт. Бæллыд ма йæм, куы йæ фенид, фæлæ цалынмæ йæ чындзæхсæвы бон уыди, уæдмæ нал фæзынди лæппу.
Ахастой Кæлимæты.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0