Ирвæзынгæнджытæ ссардтой Цхинвалы срæмыгъды дыккаг амæттаджы мæрдон буар

© SputnikИрвæзынгæнджытæ ссардтой Цхинвалы срæмыгъды дыккаг амæттаджы мæрдон буар
Ирвæзынгæнджытæ ссардтой Цхинвалы срæмыгъды дыккаг амæттаджы мæрдон буар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады фехъусын кодтой, агуырды æртыккаг бон кæй ссардтой дыккаг амæттаджы мæрдон буар срæмыгъды бынаты хисæрмагонд хæдзары.
Уæлвæткон цау æрцыд æхсæвы дыццæгæй æртыццæгмæ. Микрорайон "Шанхай"-ы Хъуылаты уынджы цæрæджы хæдзары срæмыгъды фæстиуæгæн зиан баййæфтой æртæ адæймаджы. Баластой сæ РБМЦ алыхуызон къæпхæнты буары сыгъдтимæ. Уый фæстæ сæ арвыстой хос кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй æдде.
Æртыццæджы ауагъдæуыд æмбырд зынгсивæрзтытæй æдасдзинады фарстытыл. Уæлвæткон уавæрты министр Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, уæлвæткон уавæры аххосаг гæнæн ис æмæ уыд газы ахъуызыд хæлд ифтонггарзæй. Бæлвырдæй аххоссаг нырма не сбæрæг.
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2023
Хуссар Иры ÆХМ радзырдтой хæдзары срæмыгъды фæстиуæгæн зианбаййæфджыты уавæры тыххæй
Ног хабӕртты лентӕ
0